Украинайы конфликты фæарфдæрыл, йæ эскалацийыл æмæ амæттæгты нымæцы рæзтыл бæрн æнæхъæнæй æвæрд у ныгуылæйнаг элитайыл, æмæ цæй зæгъын æй хъæуы Киевы нырыккон режимыл, кæцыйæн украинаг адæм бынтон æцæгæлон сты – уый фæдыл Уæрæсейы презердент влдимир путин æрвылазон сидты рæстæджы райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, ныгуылæн план кæны бынæттон конфликты глобалон быцæуæмбæлдæй скæнын.
«Ныгуылæйнаг элита нал æмбæхсы йæ нысæнттæ, куыд дзурынц – Уæрæсейы стратегионæй басæттын. Уый у комкоммæ цитата. Цы нысан кæны, цы у уый махæн? Уый нысан кæны, ома нæ иу хатт кæронмæ скуынæг кæной. Уый нысан кæны, цææмй хъавынц бынæттон конфликттæ глобалон быцæумбæлдæй скæнын. Раст афтæ æмбарæм. Ууыл нын æмбæлгæ реакци уыдзæн, уымæн æмæ ацы цауы дзырдæуы нæ бæстæйы уæвыныл, фæлæ гæнæн нæй ма зоной уый, цæмæй Уæрæсе хæсты быдыры нæ фембылд уыдзæн» – загъта Уæрæсейы презердент путин.