Владимир Путин - Иунæг бæстæмæ дæр нæй ахæм хъомысджын хотыхтæ цахæм дæр ис Уæрæсемæ
Æвзæрстыты онг 18 бон раздæр, федералон рабадтыл дзырдæй ралæуды рæстæджы Уæрæсейы президент Владимир Путин Уæрæсейы атомон арсеналы æмæ хотыхтыл фæныхас кодта. Уый расидтис, цæмæй дунейы иунæг бæстæмæ дæр нæй ахæм тыхджын хотыхтæ, цахæмдæр ис Уæрæсемæ зæгъгæ.
«2004 азы æз загътон, цæмæй Уæрæсемæ уыдзæн ахæм хæцæнгарз, цахæмдæр дунейы ниыкæмæ ис. Йеуæд нæм ничи хъуыста, ныр та, ахæм хæцæнгарз куы сарызтам, Ныр та нæм Хъусут!» расидтис Путин.
Уæрæсейы президент ноджы иу хатт райхæлдта, цæмæй цгат-атлантикон альянсы Уæрæсейы арæнтæм æрбаввахс, тыхбын кæны Уæрæсейы, йæ хæдиргъæвынхъомад фæтыхджындæр кæна.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсе райсдзæн дзуаппон мадзæлттæ, куыддæр Уæрæсейы территорийыл кæнæ йæ æмцæдисонтыл атомон бырст сыххæст уа афтææмй.
Дзырдæй ралæуды рæстæджы Путин ноджы иу хатт райхъусын кодта, цæмæй Уæрæсе иунæг æхсæнадæмон бадзырд дæр нæ хæлдта зæгъгæ.