Владимир Путин, Донецк æмæ Луганскы «хæдбар республикæтыл»  банымадта
Владимир Путин, Донецк æмæ Луганскы «хæдбар республикæтыл» банымадта

Уæрæсе, Донецкы  æмæ Луганскы  а.х.  адæмон республкæты хæдбарад банымадта.

Фæнысангонд  уынаффæты фæдыл  Уæрæсейы президент, Владимир Путин, æдасдзинады советы  рабадты  фæстæ  арызт   сидты рæстæджы   райхъусын кодта.

«ХЪÆугæйæ  нымйын,  рахæссын  нырид  рагæйы  цæттæ   уынаффæ,  æнæаргъæвгæйæ  банымаын, Донецкы  Адæмон  æмæ Луганскы  адæмон республикæты  хæдбарад  æмæ суверенитет.  Курæг дæн  Уæрæсейы  Федерацийы   федералон æмбырдæй,  сразы уа  ацы  уынаффæимæ, стæй та  ратификаци скæна  аы дыууæ республикæимæ  хæларады  æмæ кæрæдзийæн æххуысы фæдыл бадзырд.  Дыууæ  документ  цæттæ сты æмæ къухбафыст уыдзысты  æввахс бонты.   Уыдонæй та, кæцытæ Киев тыхæй бацхастой  æмæ уромынц  хицаудзинад, домæм æнæаргъæвгæйæ ныууадзæт  хæцæн  архæйдтытæ,  науæд та  æххæст  бæрн тугкалды гæнæн адарддæрыл æнæхъæнæй  Украинайы территорийыл   хицаугæнæг  режимы намысыл уыдзæн» – райхъусын кодта  Владимир Путин.

Уæрæсейы президент  фæнысангонд  барамындыл   къух бафыста.

Уыимæ, Владимир Путин, Донецкы æмæ Луганскъы  а.х.  республикæты  сепаратист   лидертимæ  Денис Пушилинимæ æмæ  Леонид Пасечниковимæ, хæларады æмæ   кæрæдзийæнæххуысы фæдыл  бадзырд  бафыста.