Владимир Путин, Донецк æмæ Луганскы «хæдбар республикæтыл» банымадта
Уæрæсе, Донецкы æмæ Луганскы а.х. адæмон республкæты хæдбарад банымадта.
Фæнысангонд уынаффæты фæдыл Уæрæсейы президент, Владимир Путин, æдасдзинады советы рабадты фæстæ арызт сидты рæстæджы райхъусын кодта.
«ХЪÆугæйæ нымйын, рахæссын нырид рагæйы цæттæ уынаффæ, æнæаргъæвгæйæ банымаын, Донецкы Адæмон æмæ Луганскы адæмон республикæты хæдбарад æмæ суверенитет. Курæг дæн Уæрæсейы Федерацийы федералон æмбырдæй, сразы уа ацы уынаффæимæ, стæй та ратификаци скæна аы дыууæ республикæимæ хæларады æмæ кæрæдзийæн æххуысы фæдыл бадзырд. Дыууæ документ цæттæ сты æмæ къухбафыст уыдзысты æввахс бонты. Уыдонæй та, кæцытæ Киев тыхæй бацхастой æмæ уромынц хицаудзинад, домæм æнæаргъæвгæйæ ныууадзæт хæцæн архæйдтытæ, науæд та æххæст бæрн тугкалды гæнæн адарддæрыл æнæхъæнæй Украинайы территорийыл хицаугæнæг режимы намысыл уыдзæн» – райхъусын кодта Владимир Путин.
Уæрæсейы президент фæнысангонд барамындыл къух бафыста.
Уыимæ, Владимир Путин, Донецкы æмæ Луганскъы а.х. республикæты сепаратист лидертимæ Денис Пушилинимæ æмæ Леонид Пасечниковимæ, хæларады æмæ кæрæдзийæнæххуысы фæдыл бадзырд бафыста.