Медиайы хъусинагæй, Владимир Путин  Си Дзинпинæн загъта, цæмæй Украинайы хæст ноджы фондз аз аххæсдзæн
Медиайы хъусинагæй, Владимир Путин Си Дзинпинæн загъта, цæмæй Украинайы хæст ноджы фондз аз аххæсдзæн

Уæрæсейы  президент, Владимир Путин  Китайы  президент Си Дзинпинимæ ныхасы рæстæджы райхъусын кодта, цæмæй   Украинайы  хæст ноджы  фондз азы аххæсдзæн.  Уый фæдыл рауагъдад  «Украинская Правда» «Nikkei Asia»-ыл æнцойæ  фыссы.

Рауагъдад куыд хъусын кæны афтæмæй,  Путин  йæ китайаг коллегæйæн уый фæдыл   2023 азы  марты загъта, æрмæст  уый  зæгъыны нысан  уыд ситуацийы  схатдзæг кæнын, кæцы  уыцы рæстæджы Уæрæсейæн   пайдаджын нæ уыд.  Афтæма сæ  хъусинагæй, Путин  бауырнын кодта СИ Дзинпины  цæмæй  фæстагмæ  уæлахизгонд уыдзæн Уæрæсе.

«Æнхъæлцау  контекст путины ацы фидиуæнты уыдис уый, цæмæй  куылымпыгонд  хæст  пайдаджын уыдзæн Китайы дзæбæх ифтонггонд  партнерæн. Иннæ рдгæй та, уый уыдис фæдзæхст  Китайы преиздентæн, цæмæй  ма фæива йæ  проуырыссаг  позици», – фыссы  рауагъдад.

Афтæма нæ цух кæнынц, цæмæй гæнæн ис путин ацы архайдæй  2024 азы марты  æвзæрстыты размæ иллюзи саразын архайы, цæвиттон   тырны  æхс фæурæдмæ кæнæ бадзырдмæ, уымæн æмæ уый  йын уыдзæн пайдаджын уавæр.

Рауагъдад афтæдæр хъусын кæны, цæмæй Путины  ацы  фидиуæны фæстæ Китай æркастис  йæ стратеги.

«Æрмæст кæд хæст Уæрæсе æмæ Украинайы  æхсæн адарддæр уыдзæн, уый гæнæн ис, æндæвдад скæна   Китайы  президенты плантæм  æмæ амбицитæм, афтæма Си Дзинпины стырдæр нысаныл, кæцы Тайваны  Китаймæ баиу кæнын дары йæ хъуыдыйы», – фыссы рауагъдад.