Дональд Трамп сиды, цæмæй иуæй-иу вазыгджын æмæ æнæлыггонд фарстытæм æнæкæсгæйæ, фарсытæ хæстæгдæр кæнынц бадзырдмæ, кæцы гæнæн ис Украинайы хæстæн кæрон скæна
Дональд Трамп сиды, цæмæй иуæй-иу вазыгджын æмæ æнæлыггонд фарстытæм æнæкæсгæйæ, фарсытæ хæстæгдæр кæнынц бадзырдмæ, кæцы гæнæн ис Украинайы хæстæн кæрон скæна

АИШ-ы президент Дональд Трамп сиды, цæмæй иуæй-иу вазыгджын æмæ æнæскъуыддзаггонд фарстатæм æнæкæсгæйæ, Украинайы хæсты фæурæды фæдыл бадзырдтæ хорз темптæй цæуынц æмæ фарсытæ æввахс кæнынц бадзырдмæ, кæцы гæнæн ис æмæ хæстæн фæурæд уа.

«Æз нæ уарзын проценттæй дзурын. Æрмæст хъуыды кæнын, тынг хорз цæуы. Æвæццæгæн, тынг æввахс стæм. Ис иу кæнæ дыууæ тынг вазыгджын фарста, тынг карз фарста, фæлæ мæнмæ гæсгæ, тынг хорз цæуы» – райхъусын кодта Дональд Трамп Владимир Зеленскийимæ фембæлды фæстæ.

Дональд Трампы ныхасмæ гæсгæ, къухы бафтыд прогресс æрмæст иу боны фæстиуæг нæу.

«Абон нын уыд бирæ прогресс, фæлæ уый æцæгæйдæр æрцыд фæстаг мæйы дæргъы. Ай иубонон процесс нæу. Уый у тынг вазыгджын фарста» – райхъусын кодта Трамп.

Уымæй дарддæр ма, журналист АИШ-ы президенты бафарста Донбасы демилитаризацигонд зонæйы фæдыл.

«Нæу бадзырдгонд, фæлæ мах хæстæгдæр кæнæм уый фæдыл бадзырдмæ. Уый æнæмæнгæй у иуæй-иу нысаниуæгджын фарста. Уый у тынг вазыгджын фарста, фæлæ мæнмæ гæсгæ уый æрцæудзæн æрбæстонгонд», – дзуапп ратта Дональд Трамп.