Владимир Путин Дональд Трампæн Ног аз раарфæ кодта æмæ разагъдта диалогмæ цæттæдзинад
Владимир Путин Дональд Трампæн Ног аз раарфæ кодта æмæ разагъдта диалогмæ цæттæдзинад. Кремлы веб-фарсыл ахæлиугонд сидты Уæрæсейы президент хъусын кæны, цæмæй АИШ_имæ æндæр æмæ æндæр фарстатыл диалогмæ Мæскуы цæттæ у зæгъгæ.
«Валадимр Путины ъуыдымæ гæсгæйæ, Уæрæсе æмæ АИШ-ы ахастытæ сеппæтæй ахсджиаг дæр фактор у, кæцы стратегион стабилондзинады æмæ æхсæнадæмон æдасдзинад рæвдз кæны» – дзырдæуы Путины арфæйы фыстæджы.
АИШ-ы президентæй дарддæр ма, Путин ног аз абон раарфæ кодта Сирийы лидер Башар Асадæн æмæ Уæрæсейы оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты Цхинвал æмæ Абхазы а.х. президенттæн.
Ногазон арфæ путинæй райстой Стыр Британийы успаддзах æмæ премьер-министр, Японийы хицауады сæргълæууæг æмæ Китайы лидер.
Кремлы публикацигонд номхыгъды не сты нæ дæр Украинæйы æмæ нæдæр Гуырдзыстоны президенттæ.