Владимер Константиниди -  Фæсарæн хъуыддæгты министрад Гугутъианткарийы оккупацион тыхтæ куыддæр разындысты, уайтагъд фезхусын кодта æхсæнадæмон æмгарадæн
Владимер Константиниди - Фæсарæн хъуыддæгты министрад Гугутъианткарийы оккупацион тыхтæ куыддæр разындысты, уайтагъд фезхусын кодта æхсæнадæмон æмгарадæн

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад æнæзакъонон куыстыты райдайынæй  уайтагъд скусын кодта  алы мæцъис æмæ  Гугутъианткарийы  оккупацион тыхтæ  куыддæр  разындысты  афтæмæй,  фехъусын кодта  æхсæнадæмон дзыллæйæн – уый фæдыл  райхъусын кодта Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министры хæдивæг  Владимер Константиниди.

Владимер Константитниди куыд  загъта афтæмæй,  зæгъгæ Уæрæсейы  оккупацион тыхты æнæзакъон архйдтыты бынатмæ, сом  план кæны дипломативон корпусы  минæвæртты визит Гугутъианткаримæ.

«Сырæзт коммуникаци  Женевæйы æхсæнадæмон  бадзырдты  æмсæрдæртты æмæ  Евроцæдисы   цæстдарæг  миссийы  къухдариуæггæнæгимæ; 8 августы гуырдзиаг фарс, ацы фарста  сæвæрдта  ИНО-йы   æдасдзинады  советы рабадтыл, кæцыйыл  советы уæнгтæ   бафаудтой  оккупацион  хаххыл бордеризацийы  æнæзакъонон  процесс æмæ  йæ уæззау  фæстиуджытæн  бынæттон цæрджытæн;Уыцы бон  АИШ-ы  паддзахадон  департамент   сарызта  карз  фидиуæн  æмæ бафаудта  оккупацион тыхты  архæйдтытæ. Знон  министрад  та  ноджы  сарызта официалон  фидиуæн  æмæ  сарызта фембæлд  дипломативон корпусимæ.  Фæсарæйнаг партнертæм лæвæрд æрцыд  информаци  бынатыл  цæугæ  æнæзакъонон   процессты тыххæй.  Дарддæр кæнæм  интенсивон куыст  æхсæнадæмон партнертимæ: æнæаскъуынгæ  контактыл стæм  Женевæйы бадзырдты  æмсæрдæрттимæ,  активонæй  æмкуыст кæнæм  Евроцæдисы цæстдарæг миссимæ,  регулярон коммуникаци нын ис фæсарæйнаг партнертимæ æмæ  Тбилисы  аккредитацигонд дипломативон корпусимæ,  Гуырдзыстоны минæварадтæн бахæс кодтам  æхсæнадæмон тыхархайды мобилизаци скæнын.  Æхсæнадæмон партнертæ,  дарддæр кæнынц  немæ  активон   æмкуысткæнынад  æмæ æмбæлон реагиркæнынад» – райхъусын кодта Владимер Константиниди.

Уырыссаг æфсæддæттæ  оккупацион хаххы  цур  телтæй  æмбондты айтындзыны нысанæй  æфсæйнаг цæджындзыты садзын абон  сæумæрайсомæй   сног кодтой.