Владимер Чачибаиа – Саакашвилийы фидиуæн мæтæфтауæг у, уымæн æмæ бынтон æнæруадзгæ у æфсæддæтты политикæмæ баласын
Михеил Саакашвилийы фидиуæн мигъджын нæу, конкретон политикон нысан хæссы. Йæ фидиуæн у мæтæфтауæг, уымæн æмæ бынтон æнæруадзгæ у æфсæддæтты политикон хъæзтытæм баласын, ацы æрдгæй тынг арæхсгæйæ хъуамæ уа алчи – уый фæдыл Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты раздæры сæргълæууæг, инæлар-лейтенант Владимер Чачибаиа фехъусын кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн.
Владимер Чачибаиа политиктæм æрсидтис, æфсæддæттæм ахæм сидтытæ аразынæй сæхи фæуромынмæ.
«Æфсад политикæйæ хицæн у æмæ Саакашвилийы фидиуæн æфсады политикæмæ баласынæн у тæссаг. 20212 азæй абоны онг æфсад аполитикон уыд æмæ уый фæстиуæг у цæмæй конкретон æвзæрстытыл «Гуырдзиаг Бæллицц» æрмæст цалдæр сых нæ рамбылдта, фæлæ уый тыххæй æфхæрд ничи рцыд æмæ йæ æфсадæй нæ ратардтой, цæй дæнц дæр бирæ уыд 2012 азы онг. 2012 азы онг Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты уыдис æвзарæнон фадгуытæ æмæ алы сæргълæууæгмæ уыдис хъомысдард. Æфсæддон хайадты иунæг æвзæрстгæнæн фадыг дæр нæу, алы æфсæддон уæгъдибар у сæрмагонд æвзæрст саразын» – райхъусын кодта Владимер Чачибаиа.
Гуырдзыстоны раздæры президент,Украинайы реформæты æххæстгæнæг комитеты сæрдар Михеил Саакашвили «Фейсбукы» ахæлиугонд видеойы мидæг райхъусын кодта, цæмæй Гуырдзыстоны фервæзын кæнын хъæуы æмæ йæ ацы хъуыддаджы æфсæддон кусджыты патриотизмы ныфс ис. Уый ма афтæдæр сидтис æфсæддæттæм, цæмæй сæхи бацæттæ кæнæт æмбæстагон хæс сыххæст кæнынмæ.