Владимер Чачиабиа - Цыфæнды архайд, политикон процессмæ баласой æфсад, уыдзæн тæссаг æмæ антипаддзахадон
Гарзджын тыхты политикъон нысæнттæй разæвзарæнон баталитæм бафтауын не мбæлы гарзджын тыхты æмæ æнæхъæнæй бæстæйы инстеретæм – уый фæдыл Гуырдзыстоны гарзджын тыхты генералон штабы хистæры, генерал-майор Владимер Чачибаиайы фидиуæны дзырдуы.
ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны гарзджын тыхтæ у политиконæй нейтралон паддзахадон институт, кæцыйы сæйраг нысан у, бахъахъъæна бæстæйы суверенитет æмæ хæдбардзинад.
«Гуырдзыстоны гарзджын тыхты номæй, нæ фæнды дзуапп раттæм бæрæг медиа-фæрæзты арызт фидиуæнтæн. Гуырдзыстоны гарзджын тыхтæ у политиконæй нейтралон паддзахадон институт, кæцыйы сæйраг нысан у, бæстæйы суверенитеты æмæ хæдбардзинады хъахъхæнын. Ацы рард нæ хæсджын кæны уæм иууон, консолидацигонд æмæ цæттæ уæм сидтытæн бахъом уын. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, гуырдзиаг æфсад у Гуырдзыстоны алы æмбæстагы сæрмагонд æмæ арæзт у дзыллæй минæвæрттæй æнæкæсгæ сæ этникон равзæрдмæ, религион кæнæ политикон цæстæнгасмæ.
БÆстæйы цæугæ демокративон процесс, конкретонæй прездидентон æвæзæрстытæ, Гуырдзыстоны алы æмбæстагæн сæ нымæцы гарзджын тыхты минæвæрттæн дæтты æмбæстагон бар, сфиксир кæной сæрмагонд барæвзар æмæ уымæй равдисой сæ позици.
Кампанийы баст адæймæгтæм, раздæры æфсæддæттæм мæ фæнды зæгъын, æмæ сæм æрсидын, Гарзджын тыхты политикъон нысæнттæй разæвзарæнон баталитæм бафтауын не мбæлы гарзджын тыхты æмæ æнæхъæнæй бæстæйы инстеретæм. Цыфæнды архайд, политикон процессмæ баласой æфсад, уыдзæн тæссаг æмæ антипаддзахадон»- хъусын кæны Гуырдзыстоны гарзджын тыхты генералон штабы хистæр, инæлар-майор Владимер Чачиабиа æмæ нысан кæны, цæмæй гарзджын тыхтæ, алы æфсæддонимæ иумæ фæстæмæ адарддæр кæндзысты бæстæйы суверенитет æмæ æдасдзинад хъахъъхæнын.