Гуырдзиаг Бæллицц публикаци кæны фидиуæн -  нысаниуæгджын у нæ  зæрдыл дарæм нæ истори, нæ зæрдыл дарæм фыццаг октябры  уæлахиздзинады  аргъ
Гуырдзиаг Бæллицц публикаци кæны фидиуæн - нысаниуæгджын у нæ зæрдыл дарæм нæ истори, нæ зæрдыл дарæм фыццаг октябры уæлахиздзинады аргъ

Нысаниуæгджын у,  нæ  зæрдыл дарæм нæ истори, нæ зæрдыл   дарæм фыццаг октябры  уæлахиздзинады  аргъ – уый фæдыл   банысангонд у   политикъон   иугонд «Картули Оцнеба –Демократиули Сакартвело»-йы  фидиуæны.

Куырдиаты  афтæдæр дзырдæуы, цæмæй   нырид зæгъгæ авд аз у,   гуырдзиаг  алы æвзæрстыты  кæй  бæлвырд кæны  фыццаг октябры  аргъдзинæдтæн иузæрдыгдзинад  æмæ æппæт дунейæн бæлвырд кæны  цæмæй   тыхгæнæг  редим  бæстæйы  сæргъ  никуы  уал  слæудзæн,  гуырдзиаг  дзыллæ  реванш  нæ бауадздзæн.

«Авд азы  рацыд 2012 азы фыццаг  октябры  историон фæзындтæй.

Ацы бон  Бидзина Иванишвили  æмæ гуырдзиаг   адæмы  коалици,  æвзæрстыты фæндагæй   басаста  тыхгæнæг режим.

Нысаниуæгджын у,  нæ  зæрдыл дарæм нæ истори, нæ зæрдыл   дарæм фыццаг октябры  уæлахиздзинады  аргъ. Нысаниуæгджын у нæ  зæрдыл дарæм,  цæмæй  цавæр фыдбылызимæ нын уыд хъуыддаг «Националон Змæлды»  хицаудзинады хуызæй  æмæ цавæр æнæхатырдзинад басастам алчи иумæ.

Иумæ рацæугæ  авд   аз  бæлвырд кæнынц, цæмæй «Гуырдзиаг Бæллицц»  у  уыцы политикъон тых,  кæцы  фæдфæдон, сабырадон æмæ адæймагыл   ориентиргонд   бæрнон политикъæ   уадзы  æмæ уый хъом  у, цæймæ гуырдзиаг   адæмимæ  иумæ   бахъом  уа  алы  уыцы  быцæусидтæн,  кæцыты раз нæ бæстæ  лæууы.

Мах  кæддæриддæр   фæуæлахиз уыдзыстæм  æмæ  бæстæйы  æнæмæнгæй  бакæндзыстæм  æнæфæцудгæ  рæзынады  рельсытыл!» –  банысангонд  у  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  ахæлиугонд  фидиуæны.