«Вивамедийы» клиникон директор – Саакашвили æххæстаргъджын нæ хæры, исы æрмæст уымæн фæндон хæринаг уымæн фæндон бонты, уый нæ нысан кæны цæмæй йæ бон хæрын нæу, фылдæр вæццæгæн нæ хæры
Михеил Саакашвили нæ хæры æххæстаргъджынæй, исы æрмæст уымæн фæндон хæринаг æмæ уый дæр кæцы бонты йæ æрфæнды уæд, уый нæ нысан кæны цæмæй йæ бон хæрын нæу, фылдæр æвæццæгæн нæ хæры – уый фæдыл «Вивамедийы» клиникон директор Зураб Чхаидзе фехъусын кодта журналисттæн.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ хоскæныны процесс вазыгджын у æмæ бирæ цыдæр баст у пациентыл дæр. Чхаидзейы дзырдæй, зæгъгæ пациентмæ хъуамæ уа фæндон, цæмæй фæхуыздæр уа йæ æнæниздзинады уавæр.
Фарстыл зæгъгæ, куы хæлиу кæны информаци Саакашвилийы реанимацион хайадмæ аргъæвыны фæдыл, Зураб Чхаидзе загхта, цæмæй уый нæу раст инфомаци. Чхаидзейы дзырдæй, Саакашвилийы æнæниздзинады уавæр стабилон у.
«Нæ зонын, кæцæй хæлиу кæны ацы информаци, чи йæ ахæлиу кодта. Уавæр у стабилон, цæрынæн æнæмæнгхъæугæ параметртæ стабилон сты. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, дарддæр кæны хос кæнын йæ низмæ куыд æмбæлы афтæ. Мæ бон зæгъын у, цæмæй ахауыны эпизод нæ уыдис. Ææрмæст йæ туджы æлхъывды чысыл ивд. Хæринагы тыххæй та зæгъæн ис, йæ низмæ гæсгæйæ, цæй зæгъын æй хъæуыпациентæн уагъд цæуы алы хосгæнæн мазал, кæцы абон ис практикæйы, фæлæ зондзыстут æй хоскæнын у уæззау процесс. Бирæ цыдæр баст у пациентыл дæр. Уый тыххæй дæр цæй зæгъын æй хъæуы хъуамæ хæра æххæстаргъджынæй. Хъуамæ загъдæуа уый дæр æмæ æххæстаргъджынæй хæринаг нæ исы. Хæры æрмæст уымæн фæндон хæринаг æмæ йæ цы бонты æрфæнды уæд, æрвылбойнонæй нæ хæры. Уый нæ нысан кæны цæмæй йæ бон хæрын нæу, фылдæр вæццæгæн нæ хæры» – банысан кодта Чхаидзе.
Уыимæ фарстыл, ис гæнæн æви нæ, цæмæй Михеил Саакашвилийы бахъæуа реанимацион хайадмæ аргъæын, «Вивамедийы» клоиникон директор дзуапп ратта:
«Цæмæн æнхъæлмæ кæсæм фыддæрмæ. Загътон уын, йæ уавæрмæ хъус бадарын хъæуы, фæлæ хос кæныны дарддæр кæнæм. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, йын алцыппæт аразæм цы хæъуы. Ноджы уын иу хатт дзурын, бирæ цыдæр баст у пациентыл дæр. Вазыгджын процесс у æмæ пациент хъуамæ хæра æххæстаргъджынæй. Бæлвырд уын дзурын, цæмæй клиникæ аразы алцыппæт, цы саразын у æнæмнгхъæугæ уый, фæлæ хоскæныны процессы ис куыд хосгæнæн, афтæ бирæ цыдæр баст у пациентыл дæр. Пациенты хъуамæ фæнда сдзæбæх уын. Сымах куы фæрынчын вæййут, уæд куы архайут уæ уавæр фæхуыздæр кæнын, афтæ хъуамæ уа алы пациент.
Кæцыфæнды пациент, цæй зæгъын æй хъæуы клиникæйæн нысаниуæгджын у æмæ кæцыфæнды пациентæн хоскæнын æмæ схоскæныны мадзæлттыл бæрнон у клиникæ» – загхта Зураб Чхаидзе.