Виола фон Крамон -  уыцы адæймæгты  ныхмæ, кæйдæриддæр  Гуырдзыстоны  æндæр фæндагæй,  уырыссаг моделмæ гæсгæ рацаразын фæнды, санкцитæ куыд гæнæн афтæ тагъд хъуамæ сфидар кæнæм
Виола фон Крамон - уыцы адæймæгты ныхмæ, кæйдæриддæр Гуырдзыстоны æндæр фæндагæй, уырыссаг моделмæ гæсгæ рацаразын фæнды, санкцитæ куыд гæнæн афтæ тагъд хъуамæ сфидар кæнæм

Уыцы адæймæгты ныхмæ, кæйдæриддæр Гуырдзыстоны  æндæр фæндагæй  рацаразын фæнды,  трансформаци  сараэын уырыссаг  моделмæ гæсгæ,  куыд гæнæн ис  афтæ  тагъд хъуамæ сæвæрæм санкцитæ, – уый фæдыл   европарламентари  Виола  фон Крамон  Страсбургы, европарламентаритимæ, Анна Фотигмæ, Петрас  Аустревичусимæ æмæ парти «Ахали»-ы лидер Ника Гварамиаимæ  иумæйаг  прессконференцийыл  райхъусын кодта.

Йæ дзырдæй  зæгъгæ, «Закъоны  нысан у уыцы æнæхицауадон органищацитæ, кæцытæ  æвзæрстытæм дарынц  цæст,  рабæрæг кæнынц  аиппытæ, фæмæнг кæныны факттæ æмæ æвзæрстытæй  фыдвæнды  спайдайы  архæйдтытæ.

«Бæрæг период  æнæхицауадон  организациты дискредитацидзинад  цыдис, фæлæ ныр  ацы æрдгæй  сурыны фактор дæр фæбæрæг ис», –   райхъусын  кодта  европарламентрий.

Виола фон Крамон хъусын кæны, цæмæй «Бидзина Иванишвилийы ныхмæ  кæд санкцитæ  сфидар уыдзысты, уæд йæм ис  мæцъис,  офшортæй   активтæ  æмæ æхца  ахæсса, уый  тыххæй   куыд гæнæн ис  афтæм  тагъд хъуамæ  сфидар уа».

«Дыккаг, кæд Иванишвилийы  ныхмæ  санкцитæ  сфидар уыдзысты,  Иванишвилимæ ис  мæцъис, офшорон   хыгъдтæй  йæ  активтæ æмæ æхца  рахæсса. Уый у  дыккаг закъон, кæцыйæн ивгъуыд  къуырийы  схълæс кодтой.  Цæй сараэын   у нæ бон? Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,  санкцитæ куыд гæнæн ис  афтæ тагъд хъуамæ  сфидар кæнæм, кæцытæн сæ нысан уыдзæн  уыцы  адæймæгтæ, кæйдæриддæр   Гуырдзыстоны  æндæр фæндагæй, уырыссаг моделмæ гæсгæ  рацаразын фæнды. Уый нæрайсгæ у. Афтæма,  мах ма хъуамæ  баззайæм сайд «Картули Оцнебайы»  æрдгæй. Кæд ма хъуыды кæнут  премьер-министры  фæстаг визит Берлинмæ.   Уый нал фæрæзта критикæмæ хъусын.  Нæ уыд йæ бон Германий канцлерæй  критикæ  хъусын  æмæ тæлмацгæнæгы  фæзылынджын кодта,  цæмæй дам раст   нæ тæлмац кодта  тексты æмæ   ралæудтæ.   Мах тынг  хъусдардæй   кæсæм Гуырдзыстоны цæугæ фæзындтæм  æмæ нæ ратдзыстæм «Картули Оцнебайæн»   нæ  фæсайыны  фадат», – райхъусын кодта  Виола фон Крамон.