«Картули Оцнеба» - æвзæрстытæ сты рефередум, кæцыйы рæстæджы адæм хъуамæ аскуыддзаг кæной,  æвзарынц хæст, æви æвзарынц   сабырдзина, æвзарынц моралон деградаци æви традицион хæзнатæ
«Картули Оцнеба» - æвзæрстытæ сты рефередум, кæцыйы рæстæджы адæм хъуамæ аскуыддзаг кæной, æвзарынц хæст, æви æвзарынц сабырдзина, æвзарынц моралон деградаци æви традицион хæзнатæ

2024 азы   парламентон æвзæрстытæ  сты   референдум,  кæцыйы  рæстæджы гуырдзиаг  адæм фæстагмæ хъуамæ аскуыддзаг кæна, æвзары   хæст æви æвзары   сабырдзинад,  æвзары моралон   деградаци  æви  æвзары  традицион  хæзнатæ,  æвзары æддаг тытыл   Гуырдзыстоны цагъайрагау бастдзинад  æви  æвзары хæдбар   æмæ суверенон   паддзахад, æвзары коллективон   «Националон Змæлд», æви æвзары «Картули Оцнебайы», –  уый фæдыл  «Картули Оцнебайы»  политикон советы   фидиуæны дзырдæуы.

«Картули Оцнебайы»  куыд хъусын кæнынц афтæмæй,   «Картули Оцнеба»  парламентон æвзæрстыты  фылдæры хайы  æрымбырд кæнынæй,  цыбырæмгъуыдон,  4  азон рард  æнтыстджынæй  сыххæст  уыдзæн  Гуырдзыстоны  фæуæлахиз уыдзæн сабырдзинад, традицион  хæзнатæ æмæ паддзахадон суверенитеты  идея.

«Фæлæ ацы  æвæрцон рардимæ иумæ  нын ис   дæргъвæтин рард,  снæмæт кæнæм  Гуырдзыстоны  дæргъвæтин,  хъæддых  сабырдзинад æмæ æдасдзинад,  кæцыйæн «Картули Оцнебайы»   бæрзонд конституцион   фылдæры хайы  райсын хъæуы. Æмбарæм, нæ бæрн  гуырдзиаг адæмы раз,  нæхи хæсджыныл   нымайæм  сдбæлвырд кæнæм  цæмæй    нæ цæмæн хъæуы   конституцион фылдæры хайы райсын: фыццаджы дæр,  конституцион   фылдæры хайы  райсын  нæ хъæуы   политикон   системæйы  сæнæнизкæнынæн, цæмæ баххæссын   политикæйæ  коллективон «Националон Змæлды»   феддæдуар кæнынæй  цух   гæнæн нæй. Конституцион фылдары хай куыддæр райсæм,  афтæмæй   рæгъмæ рахъæсдзыстæм  барадон процесс, кæцыйы фæстиуæгæн,  «Иугонд Националон Змæлд»  æмæ йæ алы   сателит  æви бындар   парти  нымад æрцæудзысты æнæконституционæй», –   дзырдæуы   фидиуæны.

«Картули Оцнебайы»  фидиуæнæй,  конституцион фылдæрты   ссарыны  цауы, парламент  райсдзæн   иницииргонд  конституцион   закъонопроект  «Бинонты  хæзнаты  æмæ  æнахъомты хъахъхъæды фæдыл»  кæцыйы фæстæ,   фидиуæны авторты хъуыдымæ гæсгæйæ,   ничиуал  бахъардзæн тыхæй  бæстæйæн,  иуæрдонты   æмбæстагон партнерад.  Иуæрдон къæйтты   сывæллон хъæбулæн  скæнын кæнæ  æрд раивыны операцитæ  закъонмæ гæсгæ  сфидар кæнын.

 

«Нæ бæстæйы иуæй-иу  сæйраг  националон рард  Гуырдзытсоны территорион  æнæхъæндзтинад снæдидзын кæнын  у.  сабырадон  фæндагæй, Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад   сногы  цауы, æнæмæнгхъæугæ суыдзæн Гуырдзыстоны конституцийы раивын, цæмæй  Гуырдзыстоны хицаудзинады системæ æмæ территорион  паддзахадон арæзт ног реалондзинадмæ  уа  æмбæлон. «Картули Оцнебайы»  хæуы  конституцион фылдæры хай, цæмæй бахъуаджы цауы,  æнæмæнгхъæугæ конституцион ивддзинæдты   сыххæст  мачи фæкъуылымпы кæна», –  дзырдæуы  фидиуæны.

Фидиуæнмæ гæсгæйæ   конституцион   фылдæрты райсты  цауы, «Картули Оцнеба»  цырдæй æмæ  эффективонæй  фæхуыздæр кæндзæн ахастытæ АИШ-имæ æмæ Евроцæдисимæ.

«Картули Оцнебайæн» лæвæрд алы хъæлæс нысан кæны  сабырады, стабилондзинады æмæ райрæзты   фылдæр  гаранти Гуырдзыстонæн.   Курæг стæм  нæ алы æмбæстагæй, кæцыйæн зынаргъ сты    Гуырдзыстоны  сабырдзинад, бæстæйы стабилондзинад æмæ традицион хæзнатæ,  26 октябры  алчи рацæут æмæ   фидар бындур саразæм  Гуырдзыстоны националон идентондзинад бахъахъхъæнынæн æмæ нæ бæстæйы  рухс  фидæн  сæнæмæт кæнынæн.  Кæмæндæриддæр зынаргъ у  бæстæ, рацæут æвзæр тытæм,  иуварс авæрут   алы  уынгæг-политикон  фарста,  уымæн æмæ ацы æвзæрстытыл    политикæйы  нæ, фæлæ  бæстæйы  фервæзын кæныны   фарста  аскуддзаг уыдзæн.  Алцыппæт нæхи къухты ис, Гуырдзыстоны  амонд нæ къухты ис  æмæ алцыппæт  хъуамæ саразæм, цæмæй  бæстæ аирвæзын кæнæм,   æмæ  фидæны  фæлтæртæн   ныууадзæм  сæрибар, хæдбар, иугонд æмæ тыхджын Гуырдзыстон», -дзырдæуы  фидиуæны.