Ведант Пател - нæ сидт фæстæмæ у ахæм, цæмæй протестон акцитæ уа сабыр, фауæм цыфæнды къахдзæф, кæцы ацы протестæн тыхмигæнæгон формæ ратдзæн
Нæ сидт у ахæм, ома протестон акцитæ уæд сабыр æмæ кæй зæгъын æй хъæуы фауæм цыфæнды ахæм къахдзæф, кæцы ацы протестæн тыхмигæнæгон формæ ратдзæн – АИШ-ы паддзахадон департаменты пресспикеры хæдивæг, Ведант Пател райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй зæгъгæ «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонопроект иумæнæбадгæ у Евроцæдисы тырнынадтимæ.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, та фæстæмæ уыцы закъонопроектмæ æрцыдыстæм, кæцыйыл нырид цалдæр къуыри у цы дзурæм. Дарддæр кæнæм уый нысан кæнын, цæмæй ахæм закъондæттæн активондзинад арф проблематон у мæ æиумæнæбадгæ у Евроцæдисы тырнынадтимæ. Дзæбæх хъуамæ хъуыды кæнат, цæмæй ахæм цæуылдæр дзурæм, кæцы куынæг кæны медиаорганизациты, æмбæстагон дзыллæйы организациты æмæ æндæр фарстатæ» – райхъйусын кодта Пател.