Венецийы Комиссийы хъусын кæнынц, цæмæй «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады» закъонопроектыл хатдзæг публикаци скæндзысты  парламенты кæронбæттæн уынаффæйы  онг
Венецийы Комиссийы хъусын кæнынц, цæмæй «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады» закъонопроектыл хатдзæг публикаци скæндзысты парламенты кæронбæттæн уынаффæйы онг

Венецийы Комисси «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады»  закъонопроекты фæдыл хатдзæг  Гуырдзыстоны парламенты кæронбæттæн уынаффæйы онг  публикаци скæндзæн.

Венецийы Комиссийы  фидиуæнмæ гæсгæйæ, Венецийы Комиссийы  делегаци  уадзы онлайн  фембæлдты сери  Гуырдзыстоны интересджын фарсытимæ  фæтагъдгонд  хатдзæг æрцæттæ кæнынæн.

Цæстæнгас ис  æрцæттæйы процессы  Евросоветы парламентон ассамблейы  президенты куырдиаты бындурыл.

«Венецийы Комиссийы делегаци  къуырисæры, 2024 азы 29 апрелы фембæлдис  адæмон хъахъхъæнæгимæ, дипломатон корпусы  минæвæрттимæ æмæ абон  æмбæстагон  дзыллæйы организацитимæ, онлайн медиафæрæзты æмæ уацхæссджыты минæвæрттимæ.   Делегаци 2024 азы  2 майы  парламенты  план кæны онлайн  фембæлд  парламентон  фракцитимæ  æмæ  хæдбар депутаттимæ дискусситæ адарддæр кæнынæн.   Хатдзæг уагхд уыдзæн æнæаргъæвгæ  процедурæйæ Венецийы Комиссийы  регламенты 14-æм  А статимæ æмбæлгæйæ,  æмæ публикацигонд уыдзæн  æввахсдæр къуыриты, цæмæй парламентæн  уа  фадат  йæ æркæсын  закъон райсыны  онг» –  банысангонд у фидиуæны.