Европæйы Советы парламентон ассамблейы  президент хъусын кæны, цæмæй  «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъоны тыххæй Венецийы Комиссийы  хъуыды, публикацигонд уыдзæн иннæ  къуырийы
Европæйы Советы парламентон ассамблейы президент хъусын кæны, цæмæй «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъоны тыххæй Венецийы Комиссийы хъуыды, публикацигонд уыдзæн иннæ къуырийы

Европæйы  Советы парламентон ассамблейы  (РАСЕ)  президент Теодорос Русопулос  хъусын кæны, цæмæй  «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъоны тыххæй  Венецийы  Комиссийы  хъуыды  иннæ куъырийы   райдайæны   уыдзæн  публикацигонд.

Русопулос  куд банысан кодта афтæмæй,   уый зæгъгæ сиды гуырзиаг  закъондæтджытæм,  æххæстæй  сæ зæрдыл бадарæт  Венецийы  Комиссийы   рекомендацитæ,  цалынмæ закъон скусдзæн уæдмæ.

Уыимæ, Европæйы  Советы  парламентон  ассамблейы  президент   парламенты цур акцийыл  айтынггонд фæзындты  кой кæны.

«Ацы бырстытæ  афтæ, куыд  пъæлицæйы  æрдгæй  тыхæйæнæпропорционæй   спайдайы  фæдыл  хуъсинæгтыл,  æххæстæй æмæ   æргомæй  фæдагуырд хъуамæ  ацæуа  хицауаы æрдгæй, æмбæлгæ  мадзæлттæ скæнын хъæуы, митинггæнджыты, æмбæстагон дзыллæйы  активистты, журналистты æмæ парламенты  уæнгты  æдадсзинад бахъахъъхæнынæн, ацы закъоны фæдыл сæ цæстæнгасмæ нæкæсгæйæ», – банысан кодта Русопулос.

Парламент «фæсарæйнаг æндæвдады  æргомдзинады»  закъонопроекты æртыккаг хъусынæй  райста.  Закъонопроектимæ сразы  сты 84  депутат, йæ ныхмæ схъæлæс кодтой  парламенты 30  уæнгæй.