Вазиан-Гомбор-Телауы автомобилон фæндагыл  15 июлæй  4 августы онг арæнæвæрд  сфидар уыдзæн
Вазиан-Гомбор-Телауы автомобилон фæндагыл 15 июлæй 4 августы онг арæнæвæрд сфидар уыдзæн

Гуырдзыстоны  регионон  райрæзты æмæ инфраструктурæйы  министрады   автомобилон фæндæгты департаменты информацийæ, мидпаддзахадон   нысаниуæгы  Вазиани-Гомбори-Телауы  автомобилон фæндаджы  км27-км60 (хъæу Сасадило-хъæу Шуамта) фадыгы  реабилитацион  куыстыты  тыххæй, 2024 азы  15 июлæй  4 август хынцгæйæ,  автомобилон  фæндаджы фæнысангонд фадыгыл   фæдзæхст у алыгъуызон транспорты змæлд.

Рæстæджы  фæнысангонд   фадыгы   алы  майрæмбоны  15:00  сахатæй  – къуырисæры  10:00 сахатмæ   рог автомобилты  змæлд   уæгъд уыдзæн.

Арæнæвæрды  периоды  автотранспорты змæлд   гæнæн ис  æхсæнадæмон   нысаниуæгы  Тбилис-Бакъурцихе-Лагодехы автомобилон фæндаджы  уылты.