Автомобилон фæндæгты департамент фæндæгтыл уавæры æмæ ныссыгъдæггæнæн  куыстыты фæдыл информацихъусын кæны
Автомобилон фæндæгты департамент фæндæгтыл уавæры æмæ ныссыгъдæггæнæн куыстыты фæдыл информацихъусын кæны

Гуырдзыстоны регионон  райрæзты æмæ  инфраструктурæйы министрады автомобилон фæндæгты департаменты информацийæ, уæззау метеорологион уавæрты тыххæй, автомобилон фæндæгтыл ныссыгъдæггæнæн куыстытæ интенсивон режимæй  цæуынц.

Уагдоны хъусинагæй, алы  æрдæм бынатыл  мобилизацигонд у  спецтехникæ, фæндæгтыл æнæруромгæйæ калынц техникон цæх, цæмæй автотранспорты  змæлд  цыбырдæр  периоды сног уа.

«Ацы  рæстæгмæ, уагъд  интенсивон  ныссыгхдæггæнæн куыстыты фæстиуæгæн æхсæнадæмон  нысаниуæгы  Хашур-Ахалцихе – Валейы  автомобилон фæндагыл  автотранспорты  змæлд  сног ис.  Афтæма  алы хуызы  автотранспорты  змæлд сног ис мипадзахадон  нысаниуæгы  Вазиан-Гомбор-Телавы  фæндаджы км37-км49 (Тетрицъхъаро-Верона) фадыгыл.

Змæлды специалон режимтæ архайынц ацы автомобилон фæндæгтыл: Æхсæнадæмон нысаниуæгы Мцхета-Степанцъминда-Ларсы  автомобилон  фæндаджы (Поста)-къобийы  фадыгыл  зæйы азары  тыххæй  алы хуызы автотранспорты змæлд фæдзæхст у.

Тымыгъы æмæ миты тыххæй, æхсæнадæмон нысаниуæгы Ахалцие-Ниноцъминдайы автомобилон фæндаджы км90-км112 фадыгыл, фæдзæхст у  алы хуызы автотранспорты змæлд.  Автомобилон  фæндаджы иннæ  фадгуытыл  автотранспорты змæлд  уæгъд у» – дзырдæуы  ахæлиугонд информацийы.