Вахтанг Гомелаури хъусын кæны, цæмæй Батумы корпусы ныккæлыны фæстиуæгæн, кæлддзæгты бын 10-15 адæймаг фесты
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр Вахтанг Гомелаури хъусын кæны, цæмæй Батумы корпусы ныккæлыны фæстиуæгæн, кæлддзæгты бын 10-15 адæймаг фæцис.
Вахтанг Гомелаури куыд баынсан кодта афтæмæй, бынатыл уæззау уавæры ис.
«Цалдæр бацæуæнджын цæрæн корпусы иу бацæуæн æркалдис. Райдыдтам фæдагуырд. Сбæрæг кæндзыстæм цæй аххосæй ныккалдис корпус. 5 уæладзыг сты калд. Нæ информацийы 10-15 адæймаг сты кæлддзæгты бын. Контакт нын ис æрмæст 2 адæймагимæ, удæгас сты æмæ семæ ныхас кæнæм телефонæй, фæлæ сæ бон нæу уый зæгъын кæм сты, кæцы уæладзыгыл бæрзæндыл. Сæдæгай ирвæзынгæнæг сты баст процессы. Нæй уый фадат цæмæй фылдæр адæймаг схиза уæлæмæ, 100 æмæ 200 ирвæзынгæнæг иурæстæгонæй, фæлæ кæрæдзи ивгæйæ архайæм, кусытехникæ дæр. Мобилизацигонд у мидхъуыддæгты министрады хайадтæ, бынæттон хицауад, мэриа, муниципалон куыстытæ æмæ алцыппæт аразæм цæмæй максималонæй тагъд фервæзын кæнæм кæлдзæгты бын чи ис уыдоны. Фæлæ ацы цауы цырд куыст не нтысы, уымæн æмæ тагъдгæнгæйæ гæнæн ис знаггад фылдæр ракæнæм. Тынг бæрзонд æмвæзын кусынц нæ ирвæзынгæнджытæ, цæмæй бетон æмæ култы састытæ райсæм уырдгæй, æмæ уыдæгас чи уыдоны фервæзын кæнæм» – райхъусын кодта Вахтанг Гомелаури.