Вахтанг Гомелаури хъусын кæны, цæмæй  Батумы корпусы ныккæлыны  фæстиуæгæн,   кæлддзæгты бын 10-15 адæймаг  фесты
Вахтанг Гомелаури хъусын кæны, цæмæй Батумы корпусы ныккæлыны фæстиуæгæн, кæлддзæгты бын 10-15 адæймаг фесты

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр   Вахтанг Гомелаури  хъусын кæны, цæмæй Батумы  корпусы ныккæлыны  фæстиуæгæн, кæлддзæгты бын   10-15  адæймаг  фæцис.

Вахтанг Гомелаури  куыд баынсан кодта афтæмæй,  бынатыл  уæззау  уавæры ис.

«Цалдæр  бацæуæнджын  цæрæн корпусы  иу  бацæуæн  æркалдис.  Райдыдтам фæдагуырд.  Сбæрæг кæндзыстæм   цæй  аххосæй  ныккалдис  корпус. 5  уæладзыг  сты  калд.  Нæ информацийы 10-15  адæймаг сты  кæлддзæгты бын.  Контакт нын ис  æрмæст 2 адæймагимæ, удæгас сты   æмæ  семæ ныхас  кæнæм телефонæй, фæлæ сæ бон нæу  уый  зæгъын  кæм сты, кæцы  уæладзыгыл  бæрзæндыл.  Сæдæгай ирвæзынгæнæг  сты баст  процессы.   Нæй  уый фадат  цæмæй фылдæр адæймаг схиза  уæлæмæ, 100 æмæ  200  ирвæзынгæнæг иурæстæгонæй, фæлæ   кæрæдзи ивгæйæ  архайæм,  кусытехникæ дæр. Мобилизацигонд у  мидхъуыддæгты  министрады  хайадтæ, бынæттон  хицауад, мэриа, муниципалон куыстытæ æмæ   алцыппæт аразæм  цæмæй   максималонæй   тагъд   фервæзын кæнæм  кæлдзæгты бын  чи  ис  уыдоны.  Фæлæ  ацы  цауы  цырд куыст не нтысы,   уымæн æмæ тагъдгæнгæйæ  гæнæн ис  знаггад фылдæр ракæнæм.  Тынг бæрзонд æмвæзын кусынц нæ  ирвæзынгæнджытæ, цæмæй  бетон æмæ  култы  састытæ     райсæм  уырдгæй,  æмæ уыдæгас  чи уыдоны  фервæзын кæнæм» –   райхъусын кодта Вахтанг Гомелаури.