Вахтанг Гомелаури Бельгийы паддзахадон нымæрдары фембæлдыл Евроцæдисы æмæ Шенгены тыгъдады, Гуырдзыстоны æмбæстæгты æнæвизæ змæлды фæдыл фарстатæ æркастис
Хиæмбæхсæны æмæ миграцийы фарстаты Бельгийы падзахады паддзахадон нымæрдар, Николь де Мур, Гуырдзыстоны ис официалон визитæй. Визиты фæлгæтты мидхъуыддæгты министрады Никол де Мур æмæ Вахтанг Гомелаурийы фембæлд ацыд. Фембæлдыл уыдысты МХ министры хæдивæг Александре Дарахвелидзе æмæ уагдоны æндæр минæвæрттæ.
МХМ-ы информацийæ, фембæлдыл фарсытæ афæлгæстой Евроцæдис æмæ Шенгены тыгъдады Гуырдзыстоны æмбæстæгты æнæвизæ змæлдимæ баст фарстатæ. Фембæлды хайадисджытæ бахахх кодтой Европæимæ сæрибар дыууæрдæм змæлды политикон æмæ практикон нысаниуæг Гуырдзыстоны Евроинтеграцийы процессы.
Фембæлды фæуды фæстæ Никол де Мур æмæ МХ министры хæдивæгы иумæйаг пресс-конференци ацыд.
Александре Дарахвелидзейы фидиуæнæй, бакуыст уыд плантæ, куыд хъуамæ фæтых уой æнæзакъонон миграцийыл æмæ хиæмбæхсæн æнæбындур æркуырдимæ баст проблемæтыл.
Йæ фидиуæнæй, визалиберализацийы скусын кæныны фæстæ Гуырдзыстоны æрдæг милуанæй фылдæр æмбæстаг спайда кодтой ацы фадатæй æмæ 1,5 милуанæй фылдæр визит сыххæст ис Европæйы æндæр æмæ æндæр бæстæтæм. Дарахвелидзейы фидиуæнæй, зæгъгæ æмбæстæгты фылдæр ххæст кæнын фæткæвæрд, фæлæ ис ахæмтæ дæр, кæцытæ æмгъуыдта халынц кæнæ æнæбындур домынц хиæмбæхсæн.
«Активонæй архайы Гуырдзыстоны арæнты æмæ аэропортты ацыды контролы системæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары Европæмæ бахизынæн хъæугæ документацийы Гуырдзыстоны арæны басгарын. Абоны уавæрæй, 3000-æй фылдæр Гуырдзыстоны æмбæстагæн арæнгонд уыдзæн Европæйы бæстæтæм бацæуæн уый тыххæй, цæмæй сын документтæ нæ уыдысты цæттæ. Æнæзакъонон миграци æмæ хиæмбæхсæн æнæбындурæй æркурын ног проблемæ нæу, ацы проблемæйы раз бæстæ дæр лæууы», – райхъусын кодта Александре Дарахвелидзе.
Уыимæ хиæмбæхæсæны æмæ миграцийы фарстаты Бельгийы паддзахады паддзахадон нымæрдар Никол де Муры фидиуæнæй, фундаментон нысаниуæгджын у, цæмæй Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм уа раст информаци æмæ миграци цæуа закъононæй, цæмæй сыл мæстаг сюрпризтæ ма амбæла Бельгимæ ныццыды фæстæ.
«Фыццаг у уый æмæ хиæмбæхсæн куы рдомынц уæд Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн нæзагъд цæуы, уымæн æмæ Бельги Гуырдзыстоны нымайы æдас бæстæйæ. Хиæмбæхсæн никуы дæттынц экономикон аххосæгты тыххæй, æппæрццаг уынаффæ ист цæуы уайтагъд æмæ уыдон, чидæриддæр домæнтæм æмбæлон не сты, тыхыбын бауыдзысты бæстæ ныууадзын. Бельгимæ чи æрцæуынц, уыдон бæстæмæ бацыды домæнтæ хъуамæ сыххæст кæной æмæ æнæвизæйæ Бельгийы баззайын сын сæ бон у рмæст бæрæг периоды дæргъы. Арæныл уыдзæн карз басгæрст. Æртыккаг, кæд уæ бауромдзысты арæныл кæнæ та уæ æнæвизæйæ æркурдзысты Гуырдзыстонмæ æрыздæхын, æмæ бахъуаджы цауы, уæ раддæдуар кæндзысты бæстæйæ, уæд нæ бæстæтæ бакуыстой эффективон процедурæ, кæцы гæнæн ис балцы тобæ дæр дара йæ хъуыдыйы», – райхъусын кодта Николь де Мур.