Вахтанг Гомелаури  Бельгийы паддзахадон  нымæрдары фембæлдыл Евроцæдисы æмæ Шенгены  тыгъдады, Гуырдзыстоны æмбæстæгты æнæвизæ змæлды фæдыл фарстатæ æркастис
Вахтанг Гомелаури Бельгийы паддзахадон нымæрдары фембæлдыл Евроцæдисы æмæ Шенгены тыгъдады, Гуырдзыстоны æмбæстæгты æнæвизæ змæлды фæдыл фарстатæ æркастис

Хиæмбæхсæны æмæ  миграцийы фарстаты  Бельгийы падзахады паддзахадон нымæрдар,  Николь де Мур, Гуырдзыстоны ис официалон визитæй.  Визиты фæлгæтты  мидхъуыддæгты министрады  Никол де Мур  æмæ Вахтанг Гомелаурийы  фембæлд  ацыд.  Фембæлдыл уыдысты  МХ министры хæдивæг Александре  Дарахвелидзе  æмæ уагдоны  æндæр минæвæрттæ.

МХМ-ы информацийæ, фембæлдыл  фарсытæ афæлгæстой   Евроцæдис æмæ  Шенгены  тыгъдады  Гуырдзыстоны æмбæстæгты æнæвизæ  змæлдимæ  баст   фарстатæ.   Фембæлды хайадисджытæ бахахх кодтой   Европæимæ  сæрибар  дыууæрдæм змæлды  политикон æмæ практикон   нысаниуæг   Гуырдзыстоны Евроинтеграцийы процессы.

Фембæлды фæуды фæстæ Никол де Мур æмæ МХ министры хæдивæгы иумæйаг  пресс-конференци ацыд.

Александре Дарахвелидзейы   фидиуæнæй,   бакуыст уыд плантæ, куыд  хъуамæ фæтых уой æнæзакъонон миграцийыл  æмæ  хиæмбæхсæн  æнæбындур  æркуырдимæ баст проблемæтыл.

Йæ фидиуæнæй,    визалиберализацийы   скусын кæныны фæстæ Гуырдзыстоны  æрдæг милуанæй  фылдæр æмбæстаг спайда кодтой  ацы фадатæй  æмæ 1,5 милуанæй фылдæр  визит сыххæст ис   Европæйы æндæр æмæ æндæр бæстæтæм.   Дарахвелидзейы фидиуæнæй,   зæгъгæ    æмбæстæгты фылдæр  ххæст кæнын фæткæвæрд, фæлæ ис  ахæмтæ дæр, кæцытæ  æмгъуыдта   халынц кæнæ æнæбындур домынц хиæмбæхсæн.

«Активонæй архайы  Гуырдзыстоны  арæнты æмæ аэропортты  ацыды  контролы системæ, кæцы йæ хъуыдыйы  дары  Европæмæ  бахизынæн  хъæугæ   документацийы  Гуырдзыстоны  арæны  басгарын.  Абоны  уавæрæй, 3000-æй фылдæр Гуырдзыстоны æмбæстагæн   арæнгонд  уыдзæн  Европæйы бæстæтæм бацæуæн уый тыххæй,  цæмæй  сын документтæ нæ уыдысты  цæттæ.  Æнæзакъонон миграци  æмæ хиæмбæхсæн æнæбындурæй  æркурын   ног  проблемæ  нæу, ацы  проблемæйы раз бæстæ  дæр лæууы», – райхъусын кодта Александре Дарахвелидзе.

Уыимæ хиæмбæхæсæны æмæ миграцийы фарстаты  Бельгийы  паддзахады паддзахадон нымæрдар Никол де Муры  фидиуæнæй,  фундаментон  нысаниуæгджын у, цæмæй  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæм  уа  раст  информаци æмæ миграци цæуа  закъононæй, цæмæй  сыл  мæстаг сюрпризтæ  ма амбæла  Бельгимæ ныццыды  фæстæ.

«Фыццаг у уый  æмæ  хиæмбæхсæн куы рдомынц  уæд Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн  нæзагъд  цæуы,  уымæн æмæ Бельги Гуырдзыстоны нымайы æдас бæстæйæ.  Хиæмбæхсæн никуы   дæттынц  экономикон аххосæгты тыххæй,  æппæрццаг уынаффæ ист цæуы  уайтагъд æмæ уыдон, чидæриддæр  домæнтæм æмбæлон  не сты,  тыхыбын бауыдзысты  бæстæ ныууадзын. Бельгимæ чи æрцæуынц,  уыдон  бæстæмæ  бацыды  домæнтæ хъуамæ  сыххæст кæной æмæ æнæвизæйæ Бельгийы  баззайын сын  сæ бон у рмæст бæрæг периоды дæргъы.  Арæныл  уыдзæн карз басгæрст.  Æртыккаг,  кæд  уæ бауромдзысты  арæныл кæнæ та уæ æнæвизæйæ   æркурдзысты Гуырдзыстонмæ æрыздæхын, æмæ бахъуаджы цауы, уæ  раддæдуар кæндзысты бæстæйæ,  уæд нæ бæстæтæ  бакуыстой  эффективон процедурæ, кæцы гæнæн ис балцы  тобæ  дæр  дара  йæ  хъуыдыйы», – райхъусын кодта Николь де Мур.