Уырыссаг медиайы  информацийæ, Украинайы  Уæрæсейы   æфсæддон   операциты  сæрдары хæдивæг, инæлар Сергей Суровикины æрцахстой
Уырыссаг медиайы информацийæ, Украинайы Уæрæсейы æфсæддон операциты сæрдары хæдивæг, инæлар Сергей Суровикины æрцахстой

Украинайы  Уæрæсейы   æфсæддон операциты сæрдары  хæдивæг инæлар Сергей Суровикины  æрцахстой.  Уый фæдыл  информацийы, «The Moscow Times» Уæрæсейы  анонимон    ратæдзæнтыл  æнцойæ  хъусын кæны.

Уырыссаг медиа  куыд хъусын кæны афтæмæй,   йе рцахсты  аххос  растады  рæстæджы  Пригожинæн   фарсхæцын уыд.

Уæдмæ  «Нью-Йорк Таймс»  ахæлиу кодта информаци,  ома Суровикин   рагафон  зыдта  Евгейни Пригожины растады  тыххæй.

Афтæма  медиайы  информацийæ,   ис  уый миниуджытæ, ома гæнæн ис   Пригожинæн æндæр  уырыссаг  инæлартæ дæр хæцыдысты йæ фарс.

Бакой уын кæндзыстæм, Уæрæсейы хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу Украинайы   Уæрæсейы   æфсæддон операциты сæрдары хæдивæгæй,   инæлар  Сергей Суровикины  цæугæ  азы январы снысан кодта.