Уый ам ис – Батумы «Динамо» Къварацхелиайы трансфер  сбæлвырд кодта#1TVSPORT
Уый ам ис – Батумы «Динамо» Къварацхелиайы трансфер сбæлвырд кодта#1TVSPORT

Батумы «Динамо»  сбæлвырд кодта, цæмæй Уæрæсейæ æрцæугæ  Хвича Къварацхелиа карьерæ рæстæгмæ адарддæр кæндзæн  Гуырдзыстоны чемпионы рæнхъыты.

Say what? kvara is here (Цы  зæгъæм? – Квара ам ис) –  фыст ис Батумы  «Динамойы»  лаконикон, фæлæ  тынг бирæзæгъæг  хъусинагы.

Бакой уын кæндзыстæм, Хъазаны  «Рубин»  абон сбæлвырд кодта информаци, ома Гуырдзыстоны æмбырдгонды 21  аздзыд  размæбырсæгимæ  йæ контракт  аскуыдта.  ФИФА-ы уынаффæйæ, Уæрæсейы  хъазæг   легионертæн ног  кълубмæ ахизыны бар уыдис  30  июнмæ  æмæ  уый тыххæй  клубæй   разыдзинад нæ хъуыд.

Европаг информацион   порталтæ   бæлвырд кæнынц, цæмæй Хвича Къварацхелиа  нырма Батумы «Динамойы»  хъаздзæн, стæй та  араст уыдзæн европæмæ. Ранымады  фæбæрæг сты ахæм кълубтæ  «Тотенем», «Лидс», «Наполи», «Милан».

Фæлæ  нырма бæлвырд æрмæст уый зонæм, цæмæй Хвича  Къварацхелиа  хъаздзæн Батумы «Динамойы».