Хвича Кварацхелиайы дубль æмæ Гуырдзыстон басаста Швецийы æмбырдгонд [видео] #1TVSPORT

Футболы Дунейы чемпионатмæ равзарæн этапы матч  Гуырдзыстоны æмбырдгонд æмæ Швецийы æмбырдгонды æхсæн фæцис  гуырдзиаг футболистты  уæлахиздзинадæй.

Матч ацыд  Батумы ногарызт стадионыл.

Фембæлды фыццаг тайм фæцис хæрæгсастыл хыгъдæй 0:0. Матчы дыккаг æрдæджы 61-æм минутыл шведаг футболисттæ фæивар сты. Иварон цæфы фæстæ шведæгты дуæртты раз дыууæдæр æмбырдгонды футболисттæ схъомпал сты, кæцы моменты фæцæрдæгис Хвича Кварацхелиа ёмё баппæрста фыццаг гол. Матчы 77-æм минуты Хвича Кварацхелиа чысыл соло-рейд сыххёст кодта æмæ дыккаг къæм баппæрста шведæгты дуармæ.
Афтæмæй матч фæцис хыгъдæй 2:0 Гуырдзыстоны пайдайæн.