Уыцы уæнгтæ, чидæриддæр Марнеулы  цæрджытæ не сты, фæлæ фæкарзгонд мадзæлтты  тыххæй баззадысты Марнеулы, дыууæ къуырийы дæргъы уыдзысты  уым
Уыцы уæнгтæ, чидæриддæр Марнеулы цæрджытæ не сты, фæлæ фæкарзгонд мадзæлтты тыххæй баззадысты Марнеулы, дыууæ къуырийы дæргъы уыдзысты уым

Уыцы уæнгтæ,  кæцытæ  не сты Марнеулы  районы   цæрджытæ,  фæлæ  фæкарзгонд   мадзæлтты тыххæй  Марнеулы  баззадысты,  дыууæ къуырийы  дæргъы  уыдзысты  Марнеулы, –  уый фæдыл   премьеры специалон   уынаффæгæнæг  регионалон фарстаты  Созар Субари журналисттимæ ныхасы рæстæджы  райхъусын кодта ,  кæцыйæн  премьер  бахæс  кодта,   Марнеулы  æмæ Болнисы   муниципалитетты координаци æххæстæй  сифтонг кæнын.

Созар Субарийы  дзырдæй,   зæгъгæ алы  æмбæстаг,  кæцыдæриддæр ацы  рæстæгмæ  муниципалитеты  территорийыл уæвы,    баззайдзæн   уым.

«Алчи сæ баззайдзæн æхгæд  муниципалитетты. Уыдоны  никæдæм ракæндзысты.  Уый тыххæй  баххуырстам цалдæр фысымуат, хъæуæг цауы та ноджы фылдæр фысымуаттæ баххуырсдзыстæм æмæ сын   уыдзæн   уым  цæрыны  фадат дыуууæ кхуырийы  дæргъы», – райхъусын кодта Созар Субар.

Цыдæриддæр та  транзитон змæлдмæ æххссы,   Созар Субарийы дзырдæй,  зæгъгæ  уæргътæ  æнæкуылымпыйæ  змæлдзысты.