Змæд «Халхис Дзала»-мæ  ноджы фондз депутат  баиу ис
Змæд «Халхис Дзала»-мæ ноджы фондз депутат баиу ис

Змæлд «Адæмы Тых»-мæ «Гуырдзиаг Бæллиццы»  ноджы фондз депутат баиу ис : Эка Сепашвили, Виктор  Джапаридзе, Давит Къачъарава, Дачи  Бераиа  æмæ Заал Микеладзе.

Уый фæдыл  абоны  брифингыл   змæлды уæнг Созар Субари райхъусын кодта.

«Уæрæх кæны  змæлды   парламентон сконд. Сæрмгаондæй та, нæ   парламентон балмæ  æрбаиу сты фондз парламентары –  Эка Сепашвили, Виктор  Джапаридзе, Давит Къачъарава, Дачи  Бераиа  æмæ Заал Микеладзе. Æмтгæй   райсгæйæ  нæ  бал Гуырдзыстоны  парламенты  уыдзæн фараст  депутатæй. Кæцы уый нысан кæны, цæмæй закъондæттæг оргæны нын уыдзæн   нымæцæй  æртыккаг   политикон   бал» –  райхъусын кодта Субари.

Афтæма йæ  дзырдæй,  Змæлд «Адæмы Тых»-мæ баиу сты æхсæнадæн дзæбæх зонгæ  эксперттæ, Тамта Мегрелишвили, Зураб Кадагидзе, Давит Картвелишвили, Тамар Чибурданидзе, Нуки  Шошиашвили, Отар Чъулухадзе, Ника Кобуладзе  æмæ Иоанэ  Шаишмелашвили.

Æппынфæстаг мæ фæнды  æхсæнадæн фехъусын кæнын,  ногдзинады  тыххæй,  кæцыйыл дзырдæппарæн  кодтам ивгъуыд къуыриты дæргъы.  НЕ змæлды уæнг  Виктор Джапаридзе  балхæдта  «Пост TV»-ы  хайы  51%. Ацы аууæл нын  нæ къух сараздзæн   информаци   æхсæнады онг    уæрæхæй дæр фæхæццæ кæнæм.

Абоны иттæг вазыгнджын   уавæры Гуырдзыстоны æнтыстытæй  сифтонг кæныны æмæ нæ бæстæ тасæй аиуварс кæныны  иунæг  фæндагæй  нымайæм  æхсæнадæн   рæстдзинад  радзурын.  Уырны нæ, цæмæй рæстдзинадæй  ифтонгггонд  Адæмы тыхæн  бæстæйы интерестæ бахъахъхъæныны  хъуыддаджы  ницыуал фæкуылымпы кæндзæн» –  загъта Субари чи у уый.