Урсула  фон Дер Лейен Гиорги Гахариаимæ  ныхасы рæстæджы бæрзонд аргъ кæны  COVID-19-ы пандемийæн  бахъоуыны æрдæм Гуырдзыстоны хицауады  къхахдзæфтæн
Урсула фон Дер Лейен Гиорги Гахариаимæ ныхасы рæстæджы бæрзонд аргъ кæны COVID-19-ы пандемийæн бахъоуыны æрдæм Гуырдзыстоны хицауады къхахдзæфтæн

Еврокомиссийы  президент Урсула  фон Дер Лейен, бæрзонд аргъ кæны  Гуырдзыстоны хицауады  къахдзæфтæн  COVID-19-ы   глобалон пандемийыл фæтыхуыны  æмæ  бæстæйы  цæугæ  экономикон  æмæ  политикон    реформæты  æрдæм, –  уый фæдыл   Еврокомиссийы   президент  фехъусын  кодта,   Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариаимæ  видео-конферецийы  рæстæджы.

Хицауады  сæргълæууæг   Евроцæдисæн Гуырдзыстонæн цы нысаниуæгджын финансон  æххуыс  рахицæн кодта,  уый тыххæй раарфæ  кодта  æмæ бахахх кодта Евроцæидисы   куыд Гуырдзыстоны  ставддæр донноры, æххуысы  скуыддзаггæнæг   нысаниуæг. Еврокомиссийы  президент   банысан кодта, ома Гуырдзыстон æмæ Евроцæдис тынг хæстæг  хæлæрттæ  сты æмæ   Гуырдзыстонæн   йæ бон у,  уа йæм Евроцæдисы  æнæфæцудгæ  æххуысы  ныфс,  кæцы  сбæлвырд ис   кризисы  периоды    æмгуыстадæй  æмæ   конкретон-рахатинаг  финансон  æххуысæй.

Урсула  фон Дер Лейен банысан кодта,  ома  Евроцæдис  цæттæ у, фидæны дæр  адарддæр кæна   Гуырдзыстонæн  æххуыс   куыд   экспертты  æмвæзадыл, афтæ –  финансонæй.