Евроцæдис Раны критикæ кæны америкаг æфсæддон базæтæм бырсты тыххæй, æмæ фарсытæм æрсидтис хæцæнгарзæй архайын бауромын æмæ диалогæн тыгъдад ныууадзынмæ.
«Курæг стæм алы фарсæй дæр, алцыпппæт саразæт, цæмæй сног уа диалог. Æнæмнгхъæугæ у уавæры деескалаци»,- райхъусын кодта Еврокомиссийы президент Урсула фон дер Лейен.
Куырдиат сарызта Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты куысты къухдариуæггæнæг, Жозеф Борель дæр.
«Иракъы Америкæйы æмæ коалицийы тыхты базæмæ сæххæст бырст ситуацийы эскалацийы ноджы иу дæнцæг у», – райхъусын кодта Борель.