Урсула фон дер Лейен – бирæ азты дæргъы, Гуырдзыстоны адæм тох кæнынц демократийы сæраппонд, ис сын бар феной, цæмæй хæлдтытæ тагъд, æргомæй æмæ хæдбарæй раиртасдзысты
Бирæ азты дæргъы, Гуырдзыстоны цæрджытæ тох кæнынц демократийы сæраппонд, уыдонæн ис бар феной, цæмæй хæлдтытæ тагъд, æргомæй æмæ хæдбарæй цæуынц фæдагуырд – уый фæдыл Еврокамисы президент, Урсула фон дер Лейен расидтис.
«Бирæ азты дæргъы, Гуырдзыстоны адæм тох кæнынц демократийы сæраппонд, уыдонæн ис бар базонын цы æрцыд ацы улæфæн бонты, бар феной, цæмæй хæлдтытæ тагъд, æргомæй æмæ хæдбарæй иртасынц, уымæн æмæ сæрибар æмæ рæстадон æвзæрстытæ сты европæйаг аргъдзинæдтæ», — загъта Урсула фон дер Лайен.
Уымæй дарддæр ма, Брюггейы университеты студенттæн раныхасы рæстæджы, Урсула фон дер Лейен банысан кодта, зæгъгæ, «гуырдзиæгтæ дæр, европæйæгты хуызæн, хъуамæ уой сæхи хъысмæты аразджытæ».