Евроцæдис- Бæлвырд æвдисæм æнæфæцудгæ фарсдарын Гуырдзыстоны хæдбарад, суверенитет æмæ территорион æнæзхъæндзинадæнйæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты
Евроцæдис бæлвырд æвдисы æнæцудгæ фарсдарын Гуырдзыстоны Хæдбарадæн, суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты – уый фæдыл банысангонд у евроцæдисы публикацигонд фидиуæны, сæргондæй «Уæрæсейы Федерацийы æрдгæ Гуырдзыстоны нызмæ æххæстмасштабон æфсæддон агресси райдайынæй 16 азы фæстæ.
«2024 азы 7 августæй рацыд 16 азы 2008 азы Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æхсæн хæст райдаынæй. Евроцæдис иузæрдыг у Гуырдызстоны конфликтты сабырæй алыгы хъуыддагимæ.
Фауæм Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд сепаратисттон регионты, АБха æмæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы иудадзыг æфсæддон уæвын, кæцы халы куыд æхсæнадæмон закъон, афтæ Уæрæсе 2008 азы 12 августы йæхимæ цы хæсист райста æхсæзпунктджын базырдм гæсгæ уый.
Гуырдзыстоны конфликтæй зианбавзарæг дзыллæты адæймæгты бартæ хæлд цæуынц, сæ нымæцы «бордеризацийы» политикæйы, ахизæн пунктты æрыхгæды, Уæрæсейы æфсæддæтты æмæ де-факто хицауадæй æнæзакъонон æрцахстыты фæндагæй. Бынативды сæрибардзинад сæмбонд кæныны фактæ кæрон скæнын хъæуы, адæймаджы барты халыныл хъуамæ ауадзой фæдагуырд æмæ алы амæттагæн рæстдзинад хъуамæ сæнæмæт кæной.
Дарддæр кæнæм Гуырдзыстонæн алы æмбæлгæ фарсдарын уыцы расидтытыл фæтыхуынæн, кæцыты раз дæр уый лоæууы, сæ нмыæцы Украинæйы ныхмæ Уæрæсейы агрессивон хæсты фæстиуæгæн æмæ стынг кæндзыстæм йæ фæрызондзинад Уæрæсейы дестабилизацион арзæйдтыты раз. Мах йæ фарс хæцæс конфликты сабырæй алыгы хъуыддагæн,уый нымæцы Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты Евроцæдисы æмсæрдариуæгæй, Хуссар Кавказы æмæ Гуырдзыстоны кризисты фарстаты Евроцæдисы специалон минæвары куыстæй æмæ Евроцæдисы цæстдарæг миссийы иудадзыг уæвынæй бынатыл. Курæг стæм Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты алы хайадисæгæй, конструктивонæй баиу уæд бадзырдтæм, 2008 азы 12 августы æхсæзпунктджын бадзырды кæронм æ сыххæст кæнынæн.
Евроцæдис бæлвырд кæны йæ æнæфæцудгæ фарсдарын Гуырдзыстоны хæдбарадæн, суверенитетæн æмæ территорион æнæхъхæндзинадæн йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты» – банысангонд у Евроцæдисы фидиуæны.