Урсула фон дер Лайен хъусын кæны, цæмæй Уæрæсейы ныхмæ Евроцæдисы санкциты æхсæзæм пакетмæ, æнхъæлцау хаст уыдзæн «Сбербанк» дæр
Еврокомиссийы президент Урсулла фон дер Лайен хъусын кæны,ц æмæй Уæрæсейы ныхмæ Евроцæдисы санкциты æхсæзæм пакеты, кæцыйыл куыст цæуы, æнхъæлцау уыдзæн «Сбербанк» дæр. Ацы фидиуæн Еврокомиссийы президент немыцаг «Билдт»имæ интервьюйы сарызта.
Уыимæ йæ дзырдæй, зæгъгæ Евроцæдис нæ тæрхон кæны Уæрæсеимæ нефты экспортыл тобæ свæрын, уымæн æмæ уый расайдзæнис «Сау сыгъзæриныл» æргъты рæзт æмæ æппынфæстагмæ Путины стыхджындæр уыдзæн.ж
Урсула фон дер Лайены дзырдæй, уый бæсты Еврокомисси кусы а.хю. зондджын механизмыл, кæцыт фадат ратдзæн Евроцæдисæн ног санкциты пакетмæ бахæсса уырыссаг нефт дæр.
Еврокомиссийы президент куыд хъусын кæны афтæмæй, уый зæгъгæ уырнæг у, цæмæй евроцæдисæй Мæскуыйы ныхмæ санкцитæ амалхъом сты æмæ æнæмæнгæй расайдзысты Уæрæсейы дефолт.
Уыимæ Еврокомиссийы преиздент райхъусын кодта, цæмæй Евроцæдис афоныл хъуамæ баххуыс уа хæцæнгарзæй Украинайæн, ома æрмæст уый фервæзын кæндзæн Украинайы Уæрæсеимæ хæсты рæстæджы.