Урс Хæдзары хъусын кæнынц, цæмæй АИШ Украинæйæн  æххуысы ног пакет цæттæ кæны
Урс Хæдзары хъусын кæнынц, цæмæй АИШ Украинæйæн æххуысы ног пакет цæттæ кæны

АИШ  Украинайæн  æххуысы ног пакет   рахицæн кæнынмæ цæттæ  кæны. Информацийы «CNN» Урс Хæдзарыл  æнцойæ хъусын кæны.

Урс Хæдзары  национ æдасдзинады  уынафæгæнæг Джон Кирбийы  фидиуæнæй,   æххуысы ног пакеты фдыл æввахс  бонты  суыдзæн бæрæг.

«Украингæтимæ ныхас кæнæм  æрвылбйононæй.  Бирæ  системæ, кæцы сын алæвæрдтам  украинæгтæн  фæстаг периоды  уый бæлвырдгæнæн у, цæмæй  уыдон  эффектджын сты контрбырсæнцыды рæстæджы» – райхъусын кодта   Кирби.

Йæ  дзырдæй, зæгъгæ  америкаг  фарсæн  æрвылбойнон коммуникаци ис  украинæгтимæ, цæмæй  бæлвырд бæрæг уа цавæр æфсæддон æххуыс хъæуы ацы этапыл Киевæн.