Урс Хæдзары циникон политикон маневрæй хонынц республикæгты план, минæвæртты палатæй хъæлæс кæнынмæ рахæссой Израилæн æххуысы закъононпроект Украинайæн æххуысæй цух
Урс Хæдзары циникон маневрæйы хонынц республикæгты планы, минæвæртты палатæйы хъæлæскæнынмæ рахæссой Израилæн æххуысы закъонопреоктæн, Украинайæн æххуысæй цух, – уый фæдыл дзырдæуы Урс æдзары пресснымæрдары Карин Жан-Пьеры фидиуæны.
Урс Хæдзары минæвары дзырдæй, Израилæн æххуыс хъуамæ уа сыгъдæг æмæ дзы ма спайда кæной уымæй политикон хъæзтытæн.
Урс Хæдзары куыд банысан кодтой афтæмæй, мæйты дæргъы президенты админтраци сенаторты дыууæпартион къордимæ иумæ куыста националон æдасдзинады фарстатыл, кæцы ифтонг кæны арæнты хъахъхъæдад æмæ Украинайæн æмæ Израилы адæмтæн æххуыс æмæ æмбæлгæ закъонопроект нырид хæстæг сфидар кæнынмæ.
«Закъондæттæг тексты райст æнæфæзилгæ куы у уыцы рæстæджы, минæвæртты палатæйы республикæгтæ рацыдысты сæ фæстаг циникон политикон маневрæй. Израилы æдасдзинад хъуамæ уа сыгъдæг æмæ ма уа политикон хъазт. Мах йæ ныхмæ стæм ацы хæйрæгдзинадæн, кæцы æппын ницы аразы арæнты æдасдзинадæн, ницы аазы Украинайы адæмæн баххуыс кæнынæн, баиргъæвой сæхи Путины агрессийæ æмæ нæзагъд кæны гуманитарон æххуысы палесстинаг æмбæстæгтæн, кæцыты фылдæры хай сты сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ», – дзырдæуы фидиуæны.
Урс хæдзар сиды минæвæртты палатæйы республикæгтæм, националон æдасдзинады ацы архайадон фарстатæм гæсгæ бакусой дыууæпартионæй, уый президенты администраци æмæ сенат куыд кæнынц афтæ.