Урс Хæдзары аппараты хистæр  хъусын кæны, ома Дональд Трампы  æнæниздзинады  уавæр, куыд рабæрæг, уымæй бирæ уæззаудæр уыд
Урс Хæдзары аппараты хистæр хъусын кæны, ома Дональд Трампы æнæниздзинады уавæр, куыд рабæрæг, уымæй бирæ уæззаудæр уыд

Урс хæдзары  аппараты  хистæр   Марк Медоуз  хъусын кæны,  ома   Дональд Трампы  æнæниздзинады  уавæр,  куыд рабæрæг ис, уымæй  бирæ  уæззаудæр уыд. Уый фæдл   Медоуз  загъта «Фоксньюсимæ» интервьюйы.

Урс Хæдзары  аппараты  хистæры дзырдæй,   зæгъгæ майрæмбоны АИШ-ы президентмæ  уыд тæвд.

«»Ныр сегасдæр хуыздæр уый æмæ йæм  тæвд нал ис, æмæ туаггуыры бæрц дæр туджы мидæг  райрæзтис. Знон сæумæрайсом  тынг  мæт кодтам, уыдис йæм тæвд  æмæ   йæ туджы туаггуыры бæрц  фæкъаддæр ис, фæлæ  ахуыр куыд у афтæмæй президент уæддæр  йæ куыст нæ  урæдта»-райхъусын кодта   Медоуз.

74 аздзыд Дональд Трампы, «Ковид-19»-ы диагнозимæ, майрæмбон Мериленды штаты  уæвæг   æфсæддон госпиталмæ фæхæццæ кодтой.  Коронавирусæй  фæрынчын ис  йæ  бинойнаг  Мелания Трамп дæр.   Ныры онг   Трампы  администрацийы минæвæрттæ  хъусын кодтой, цæмæй АИШ-ы  президентæн  уыд коронавирусы рог  симптомтæ.