Урс Хæдзары АИШ-ы æмæ Украинайы президентты æхсæн ноджы иу телефонон ныхасы стенограммайы публикаци скæндзысты 12 ноябры
Урс Хæдзары АИШ-ы æмæ Украинайы президентты æхсæн ноджы иу телефонон ныхасы стенограммайы публикаци скæндзысты 12 ноябры. АИШ-ы президент Дональд Трампы фидиуæнæй, ацы ныхас 21 апрелы сырæзт æмæ уый фæдыл информаци Урс хæдзар нæ ахæлиу кодта. Фæлæ уæдыккон сæрмагонд минæвар Украинайы Курт Вокер ацы ныхасы фæдыл социалон хызагы фыста æмæ банысан кодта, цæмæй Дональд Трамп, Владимир Зеленскийæн президентон æвзæрстыты уæлахиздзинад раарфæ кодта.
АИШ-ы президенты ныхмæ импичменты процедурæ «Демокративон партий» Украинайы президент Владимир Зеленскиимæ 25 июлы телефонон ныхасы бындурыл райдыдта. «Демократтæ» нымайынц, цæмæй ацы ныхасæй, Дональд Трамп украинаг коллегæмæ хъомыс бадарын архайдта, кæцырæстæджы дæр æй домтта бацымидис уыдаит хъуыддаг равзарынæй, кæцыйы фигуранттæ сты фидæн президентон æвзæрстыты йæ конкурент Джо Байден æмæ йæ фырт.