«Уолл Стрит Джорнал» – Дональд Трамп сбæлвырд кодта Ираныл хафты план, фæлæ æмæ нырма бардзырд нæ рауагъта
«Уолл Стрит Джорнал» – Дональд Трамп сбæлвырд кодта Ираныл хафты план, фæлæ æмæ нырма бардзырд нæ рауагъта

АИШ-ы президент Дональд Трамп сбæлвырд кодта Ираны æхсты план, фæлæ æхсты фæдыл бардзырд нырма нæ радта – уый фæдыл информацийы хъусын кæны «Уолл Стрит Джорнал».

Æнæном æрмæгмæ гæсгæ, цыфæнды æхсты сæйраг нысан уыдзæн Фордойы уран хъæздыгдæргæнæн завод, кæцы æфсæддон экспертты хъуыдымæ гæсгæ ис афтæ арф зæххы бын хæхты, æмæ йæм фылдæр бомбæтæн зын бахæццæ вæййы, æрмæстдæр иууыл тыхджындæр GBU-57A бомбæйæ дарддæр, æмæ йæ иунæг ласæг у B-2 Spirit хæстон хæдтæхæг, кæцыйы хицау у æрмæстдæр АИШ-ы æфсæддонтæ.

«Урс Хæдзар нырма дæр æнхъæлмæ кæсы, цæмæй Иран æввахс рæстæджы ныууадздзæн йæ атомон программæ» – ис фыст публикацийы.

Уымæй дарддæр ма рауагъдад «Аксиос» ист информацийыл æнцойгæнгæйæ фыссы, цæмæй æфсæддон операци райдайыны размæ, Дональд Трампы афтæдæр фæнды райсын æфсæддон гарантитæ, цæмæй антибункерон бомбæтæ, кæцытæ АИШ-ы арсеналмæ хауынц, æцæгæйдæр сæ бон у ацы фабрикæ скуынæг кæнын. Сæ ныхæстæм гæсгæ, президенты фæнды æнæмæнгхъæуæг æхстытæ æрцæуын кæнын æмæ йæ нæ фæнды дæргъвæтин хæсты бацæуын.

Рауагъдад «Блумберг» куыд хъусын кæны афтæмæй, америкаг бæрзонд рангы бæрнонтæ æввахс бонты Иранмæ бабырстмæ æнхъæлмæ кæсынц.