UNICEF - Гуырдзыстоны 29 800 сывæллонæн хæдзæртты нæй дон æмæ сапонæй къухтæ ныхсыны уавæртæ
Сывæллæтты хъахъхъæды æппæтдунейон бон, UNICEF-Гуырдзыстон ахæлиу кодта фидиуæн, кæцыйы мидæг æрсидтис хицауадмæ, сæрмагонд сервситæ алы сывæллонæн рæувадат скæныны фæдыл.
Фидиуæны мидæг банысангонд у, цæмæй ног коронавирусы пандеми стыр тæфаг скодта сывæллæттыл æмæ æнахъомтыл. ИНО-йы сывæллæтты фонды сæ сæрмагондæй зæрдæзнæт кæны уыцы сывæллæтты уавæр, кæцытæн къаддæр рæувадат сты сæрмагонд сервистæ æмæ ресурстæ.
«Коронавирусы цырд апарахатæй сæрмагондæй æнæхъахъхъæнаг сты ахæм бинонты æхсæн цæрæг сывæллæттæ, кæцыты къундæг цæрынц æмæ сæм нæй æмбæлгæ уавæртæ, къухæхсæнтæ, æндæр санитарон æлхынцътæ æмæ фæрæзтæ. ИНО-йы сывæллæтты фонды бирæиндикаторон кластерон иртасæнмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны 29 800 сывæллонæн, хæдзары нæй дон æмæ сапонæй къухтæ ныхсыны фадат. Уымæ гæсгæ дæр, бирæ бæрзонддæр у ахæм сывæллæтты коронавирусæй инфицирады рискъ.
Цæугæ кризисы периоды алы сывæллон хъуамæ адарддæр кæна ахуыр æмæ йæ бон уа скъоламæ æдасæй æрыздæхын. Электронон инструментты æмæ интернет-бастдзинады, хæдзары уæвгæйæ, ахуырæн хъæугæ уавæрты æмæ ныййарджыты æрдгæй æххуысæй цух кæй сты, уый тыххæй, сывæллæттæ фæстæзад фæуын рискъы раз лæууынц. Сывæллæттæн, æнахъомтæн æмæ æвзонгтæн интернет, хъæзтытæ æмæ ахуыры фадæттæ рæувадат скæнын хъыг дары афтæдæр бæрзонд гъæды интернетæй цух кæй сты, уый. Гуырдзыстоны 3-йæ – 17 азы онг кары 50 400 сывæллонæн нæй хæдзары интернет æмæ компьютер», – дзырдæуы фидиуæны.