UNICEF -  Гуырдзыстоны 29 800 сывæллонæн хæдзæртты нæй  дон æмæ сапонæй  къухтæ ныхсыны уавæртæ
UNICEF - Гуырдзыстоны 29 800 сывæллонæн хæдзæртты нæй дон æмæ сапонæй къухтæ ныхсыны уавæртæ

Сывæллæтты хъахъхъæды æппæтдунейон бон, UNICEF-Гуырдзыстон ахæлиу кодта  фидиуæн, кæцыйы мидæг æрсидтис  хицауадмæ, сæрмагонд сервситæ  алы сывæллонæн рæувадат скæныны фæдыл.

Фидиуæны мидæг банысангонд у, цæмæй   ног коронавирусы   пандеми  стыр тæфаг скодта  сывæллæттыл æмæ æнахъомтыл.  ИНО-йы   сывæллæтты  фонды сæ  сæрмагондæй  зæрдæзнæт  кæны  уыцы  сывæллæтты уавæр, кæцытæн къаддæр рæувадат сты  сæрмагонд сервистæ æмæ ресурстæ.

«Коронавирусы цырд апарахатæй сæрмагондæй  æнæхъахъхъæнаг сты  ахæм бинонты æхсæн цæрæг сывæллæттæ,  кæцыты къундæг цæрынц  æмæ  сæм нæй  æмбæлгæ  уавæртæ,  къухæхсæнтæ,  æндæр санитарон   æлхынцътæ æмæ фæрæзтæ.  ИНО-йы   сывæллæтты  фонды  бирæиндикаторон  кластерон   иртасæнмæ гæсгæйæ,   Гуырдзыстоны  29 800  сывæллонæн, хæдзары нæй   дон æмæ сапонæй  къухтæ ныхсыны  фадат. Уымæ гæсгæ дæр, бирæ  бæрзонддæр  у  ахæм сывæллæтты  коронавирусæй инфицирады  рискъ.

Цæугæ кризисы периоды  алы сывæллон  хъуамæ адарддæр кæна ахуыр  æмæ йæ бон  уа  скъоламæ æдасæй æрыздæхын.  Электронон  инструментты æмæ  интернет-бастдзинады, хæдзары уæвгæйæ, ахуырæн хъæугæ   уавæрты  æмæ ныййарджыты æрдгæй æххуысæй цух кæй  сты,  уый тыххæй,   сывæллæттæ фæстæзад фæуын рискъы раз лæууынц.   Сывæллæттæн, æнахъомтæн  æмæ  æвзонгтæн  интернет, хъæзтытæ æмæ  ахуыры  фадæттæ  рæувадат скæнын хъыг дары  афтæдæр   бæрзонд  гъæды интернетæй  цух кæй  сты,  уый.  Гуырдзыстоны 3-йæ – 17 азы онг кары  50 400 сывæллонæн  нæй  хæдзары  интернет æмæ компьютер», – дзырдæуы  фидиуæны.