Украинамæ  æрыздæхгæ  полк «Азовы» камандыгæнджытæ хъусын кæнынц, цæмæй   хæстон  архæйдттæм баиу уыдзысты
Украинамæ æрыздæхгæ полк «Азовы» камандыгæнджытæ хъусын кæнынц, цæмæй хæстон архæйдттæм баиу уыдзысты

Украинайы  президент Володимир Зеленскиимæ иумæ  Туркæй  фыдыбæстæмæ æрыздæхгæ  полк «Азовы»  камандыгæнджытæ  хъусын кæнынц, цæмæй  уыдон хæстон архæйдтытæм баиу уыдзысты.

Львовы  уагъд фембæлдыл  «Азовсталы»  хъахъхæнæг Денис  Прокопенко  куыд захта  афтæмæй,   ныр  нысаниуæгджын у, цæмæй Украинайы  æфсад   стартегион  позицитæ бацахса.

«Мах ноджы  зæгъдзыстæм нæ зæгъинад  хæсты», –  райхъусын кодта  Прокопенко.

Азовæгты  фыдыбæстæмæ  æрыздæхыны церемонийыл  президент Зеленски  ноджы иу  хатт  загъта  уыдонæн бузныг хæстон архæйдыты рæстæджы    цы  æхсардзинад равдыстой  уый тыххæй.

Денис Прокопенко æмæ «Азовы»  ноджы цыппар  камандыгæнæг  2022  азы  сентябры  фæстæ  Турчы  уыдысты.   Уыдоны  Турчы президент Реджеб Тайип  Эрдогъханы æхсæныбацыдæй    бафыст бадзырды фæлгæтты  ссæрибар кодтой  Уæрæсейы  уацарæй.  Уæд бадзырды иуæй-иу  домæн уыд   уый æмæ Азовы каманадыгæнджытæ  хæстон архæйдтыты  фæуды  у Турчы баззадаиккой.