Украинайы Рада бæстæйы фæсарæн хъуыддæгты министр æмæ хъахъхъæнынады министры сæ постытæй сисынæн йæ фарс нæ рахæцыд
Украинайы Уæллаг Рада бæстæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Павел Климкины æмæ хъахъхъæнынады министр Степан Полторакы сæ постытæй сисынæн йæ фарс нæ рахæцыд.
Украинаг медийы хъусинагæй, Владимир Зеленскийы инициргонд уагæвæрды проектæн – Климкины ссæрибар кæныны фæдыл – æрмæст 137 депутат рахæцыд йæ фарс. Афтæма Депутаттæ йæ фарс нæ рахæцыдысты куыстуæгъды фæдыл Климкины куырдиатæн. Уымæн æрмæст 141 депутат схъæлæс кодтой.
Цыдæриддæр та Степан Полторакы ссæрибар кæнынмæ æххæссы, Украинæйы президенты æмбæлон уагæвæрды проектæн схъæлæс кодтой æрмæст 67 депутат.
Климкин æмæ Полторак Радайы рабадтыл нæ уыдысты.