Украинайы план кæны Польшæйы, Чехы æмæ Словениы премьер-министрты визит
Польшæйы, Чехы æмæ Словенийы премьер-министртæ абон Украинамæ ныццæудзысты. «ВВС»-ы информацийæ, æртæ бæстæйы хицауадты сæргълæуджытæ, Украинайы президент Володимир Зеленскиимæ фембæлдзысты.
Информаци официалонæй сбæлвырд кодтой Польшæйы хицауады, цы ран банысан кодтой, ома визиты нысан у Украинайы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн Евроцæдисы фарсхæцын сбæлвырд кæнын.
«Ацы визиты нысан у, Украна æмæ украинæгтæн фарсхæцыны уæрæх пакет бавдисын» – дзырдæуы фидиуæны.