Украинайы омбудсмен хъусын кæны, цæмæй Михеил Саакашвилийы феныны бар йын нæ ратта ахæстоны администраци
Украинайы омбудсмен Людмила Денисова хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвилийы бабæрæг кæныны бар йын нæ ратта ахæстоны администраци.
Людмила Денисова Глданы 18-æм уагдоны цур куыд райхъусын кодта афтæмæй йæ зæгъгæ фæнды, фембæлын æфхæрдæххæстгæнæн уагдоны къухдариуæггæнæгимæ.
«Фæнды мæ бавдисой мын Михеил Саакашвилийы абоны уавæры бæлвырдгæнæнтæ. Абон йæ нæхæргæ протестæй 47-æм бон рацыд. Фæнды мæ, сæйраг дохтыр мын бамбырн кæна, цавæр ифтонггæрзтæ сæм ис, æмæсын ис æви нæ специлисттæ ацы аппаратурæйæ спайда кæнын чи арæхсы ахæм. Фæнды мæ сæрмагондæй мæхæдæг фенон, цæмæй ис алы хъæугæ аппаратурæ, æмæ ис профессионал дохтыртæ. Гæнæн ис, æмæ ахъуыды кæнæм, цæмæй æфхæрдæххæстгæнæн ацы хосгæнæн укагдоны нæй квалифициргонд дозхтыртæ, уымæн æмæ 14 ноябры, Михеил Саакашвилий уавæр куы фæфыддæри, уæд тагъд медицинон æххуысмæ фæсидтысты æндæр паддзахадон клиникæтæй. Уый тыххæй мæ фæнды алы ацы фарстытыл дзуаппытæ райсын», – райхъусын кодта Людмила Денисова.