Украинайы контрбырсты фоныл, Херсоны оккупацион режимы къухдариуæггæнæг бынæттон цæрджытæм эвакуацимæ æрсидтис
Украинайы контрбырсты фоныл, Херсоны оккупацион режимы къухдариуæггæнæг, Владими Сальдо бынæттон цæрджытæм æрсидтис эвакуацимæ Уæрæсей регионтæм.
Уæрæсейы нысангонд сепаратистты лидер цæрджытæн эвакуацийы баххуыс кæнын ракуырдта Уæрæсейы хицауадæй.
«Зонæм, цæмæй нæ уынаффæтæ Украинайы хицауад ниыцæуыл нымайы æмæ æнхъæлмæ кастыстæм,ц æмæй сæ маст исын райдыдтаиккой. Афтæдæр рауад – æрвылбойнонæй горæттыл ракетон бырстытæ цæуынц æххæст» – банысан кодта Сальдо.
Сидтыл сдзуапп кодта Уæрæсейы хицауад. Уæрæсейы вице-0премьеры, Марат Хуснулины фидиуæнæй, Уæрæсейы хицауад цæрджыты эвакуацимæ баиу уыдзæн æмæ сæ æрцæрын кæныны рæстæджы, сын æнæаргъ цæрæнуаттæ ратдзысты.