Украинайы хъуыддæгты рæстæгмæ æвджид  Андрей Касьянов  фембæлдис Каха Каладзеимæ
Украинайы хъуыддæгты рæстæгмæ æвджид Андрей Касьянов фембæлдис Каха Каладзеимæ

Гуырдзыстоны  Украинайы  хъуыддæгты рæстæгмæ  æвджидон  Андрей Касьянов  фембæлдис Тбилисы мэр  Каха Каладзеимæ.

Гуырдзыстоны  Украинайы  минæварады  ахæлиугонд информацийæ,  фембæлдыл  æркастысты  Уæрæсе-Украинайы  хæсты  тыххæй Гуырдзыстоны  территорийыл Украинайы   æмбстæгтæн æххуысы æнæаргъæвгæ  фарстатæ,  Гуырдзыстоны скъолаагъоммæ  уагдæтты  украинаг   къордтæ саразын, афтæма  Киевы  горæты  паддзахадон   адимнистрацийæн  финансон æххуыс.

Украинайы  минæварады информацийæ, Каладзе  банысан кодта, цæмæй  Тбилисы мэри  сакребулоимæ æмгуыстадæй   цæттæ у, бакуса  Тбилсы иуæй-иу  фæзæн  «Украинайы  хъайтарты»  ном  сæвæрыны фарстайыл.

«Украинаг  фарс бузныг загъта  Тбилисы мэрийæ Украинайæн   50  тоннæ  гуманитарон æххуыс бадæттыны тыххæй  (хæринаг продукттæ, медикаменттæ, дарæс æмæ а.д.)», – дзырæдуы  минæварады информацийæ.