Каха Къаладзе – абон тынг æнцон у æвзæрст саразын, æхсæнадæн зын нæ уыдзæн
Каха Къаладзе – абон тынг æнцон у æвзæрст саразын, æхсæнадæн зын нæ уыдзæн

Тбилисы мэр, «Гуырдзиаг Бæллиццы» генералон нымæрдар, Каха Къаладзе Сабурталойы æртыккаг участокы схъæлæс кодта.

Каладзе хъæлæсæппæрсты фæстæ журналисттæн куыд расидтис, афтæмæй абон æвзæрст саразын тынг æнцон у.

«Абоны уавæры сæйрагдæр у сабырдзинад бахъахъхъæнын, æнæ сабырдзинадæй аргъ ницæмæн ис. Абон, дæргъвæтин перспективæйæ, нæ бæстæйæн фылдæр хъæуы сабырад, сабырад бахъахъхъæнын, кæцы хæссы экономикон рæзт, прогресс æмæ райхъалдзинад. Иунæг политикон тых бæстæйы у «Гуырдзиаг Бæллиц – Демокративон Гуырдзыстон, кæцыйæн йæ бон у сабырдзинад бахъахъхъæна». Абон тынг æнцон у равзарын. Иуæрдыгæй сты уыцы тыхтæ, кæцытæ нæ комкоммæ æрсидтысты хæстмæ баиу уæвынмæ, уыдон сты, цæттæ чи у адæмы æмæ бæстæйы ныхмæ алы хæрамдзинад, чъизидзинад суæгъд кæнынмæ. Бирæ хæттыты сын федтам сæ архайдтытæ, хицауиуæгады куы уыдысты, уæд. Абон, гæнæн ис, æмæ æвдыст цæуой куыд æндæр æмæ æндæр политикон партитæ, цæмæй адæмы рæдийын кæной, фæлæ æркæсут алкæй ивгъуыдмæ, чи сты, цы æвдисынц. Уымæ гæсгæ адæмæн зын нæ уыдзæн равзарын. Ноджы иу хатт мæ фæнды алкæмæ дæр æрсидон 41 хуыз, цæмæй алы æмбæстаг банкъара сабырад, экономикон размæцыд æмæ дидинæфтыд бæстæйы», -расидтис Къаладзе.