Украинайы хъахъхъæнынады министр – Украинайы знаджы æфсæддон ресурс фæуд кæны æмæ уыдзæн логистикон коллапс

Украинайы   хъахъхъæнынады  министр, Олекси  Резниковы  фидиуæнæй,   Украинайы   знаджы   æфсæддон   ресурстæ  фæуд  кæнынц  æмæ уый  фæстæ  уыдзæн логистикон  коллапс. Уый фæдыл   Олекси Резников  ныффыста  социалон хызаг «Фейсбукы».

«Украинайы знаджы æфсæддон   ресурстæ  фæуд  кæнынц  æмæ уый  фæстæ  уыдзæн логистикон  коллапс. Уый æмбаргæйæ  та  рæзы  знаджы  рдгæй  хи лæвæрды тенденци рæзы, æнæрмæст  фæйнæ  æфсæддоны, фæлæ   ма  взводгай. Æмбарынц, цæмæй   сæ  мингай   æмтохгæнæджы  мæрдтæ, кæцытæ «фæлварæныл райстой 200 баллы»  Украинайы  зæххыл баззадысты.  Мæскуы  куыннæ сæтты   сæ  мæлæтыл,  Путинæн уыдон  сты   хардзгæнæн æрмæг, йæ  империон  бæллиц  сыххæстæн. Бирæтæ  бамбæрстой цæмæй  сæ фæсайдтой» –  райхъусчын кодта Резников.

Афтæма йæ дзырдæй,  оккупанттæн  фервæзын кæнынæн иунæг фæндаг у  хи раттын.

Уымæ ма  Украинайы гарзджын тыхты  генералон штаб, хæст райдаынæй  абоны онг  уырыссаг æфсæдды   сæфты  фæдыл информаци  ахæлиу кодта.  24 февралæй  5 марты онг   периоды, уырыссаг оккупацион  тыхтæ фесæфтой – сæрмагонд сконды 10 000-ы онг   уæнгы, 269  иуæг танкъытæ,  945 иуæг  згъæртранспортер, 105иуæг  артиллерион  системæ, 50 иуæг  залпон æхсты  ракетон системæ, 19  иуæг  уæлдæфон иргъæфы фæрæзтæ, 39 иуæг  хæдтæхæг, 40 иуæг   хæрдмæтæхæг, 409  иуæг  автомобилон фæрæзтæ,  дыууæ иуæг рог  катеры, 60  иуæг  артагы цистернæ, æртæ  иуæг  æнæпилот  тæхæн аппарат.

«Цæуы  бæрæггæнæнты  сбæлвырд. Бахыгъды процесс  куылымпы  кæны   хæстон архæйдтыты бæрзонд интенсивондзинад» –   хъусын кæнынц  генералон штабы.