Украинайы генштабы нæ цух кæнынц, ома Уæрæсейы тыхтæ Украинайы химикон объекттыл диверсион акттæ сыххæст кæной
Украинайы гарзджын тыхты генштабы нæ цух кæнынц, цæмæй Уæрæсейы тыхтæ, Украинаы химикон объекты диверсион акттæ сыххæст кæной.
Уый фæдыл Украинайы генштабы минæвар Павло Ковальчук, æрвылбойнон брифингыл рпайхъусын кодта.
«Цух нæу, цæмæй Украинайы химикон амалиуæгады объектыл диверсион акттæ сыххæст, уый фæдыл украинайы гарзджын тыхты дарддæры фæаххосджын кæнынæн» – райхъусын кодтой Украинайы генштабы.
Уыимæ Украинайы гарзджын тыхты генералон штабы хъусинагæй, Уæрæсейы тыхтæ бырсæнцыдттæ кæнынц Украинайы паддзахады хурыскæсæн хайы Донецк æмæ Луганскы зылдты территорийыл æмæ оккупацигонд Хъырымы æмæ фæнысангонд территориты æхсæн сурзæххон кæлидорыл æххæст контрол сфидар кæнынæн, Уæрæсейы авиацийы сæйраг тыхархайд та у Слобожаны, Днецкы æрдæмадтæй æмæ «Азовсталы» заводы районы.