Украинайы генштаб – «Азовсталы» территорийыл уæвæг дæлхайадты сæргълæуджытæм лæвæрд уыд бардзырд сæрмагонд сконды цард аирвæрзын кæныны фæдыл
Украинайы гарзджын тыхты генштабы хъусын кæнынц, цæмæй гарнизон «Мариупол» йæ рард сыххæст кодта, «Азовсталы» территорийыл уæвæг хайадты сæргълæуджытæм лæвæрд уыд сæрмагонд сконды цард фервæзын кæныны бардзырд. Æмбæлон информаци, Украинайы генералон штаб социалон хызаг «Фейсбукы» публикаци кæны.
«Гарнизон «Мариупол» сыххæст кодта хæстон рард. Бæрзонддæр æфсæддон сæрдарад «Азовсталы» уæвæг дæлхайады разамонджытæн ратта бардзрыд, сæрмагонд сконды цард фервæзын кæныны фæдыл. Цæуы заводы территорийыл блокиргонд хъахъхъæнджыты ирвæзынгæнæн операци», – дзырдæуы генштабы фидиуæны.
Украинайы хъахъхъæнынады министрады хъусинагæй, 16 майы «Азовсталæй» сæххæст ис уæззау цæф 53 æфсæддоны эвакуаци, уыдоны фæхæццæ кодтой оккупацигонд территорийыл уæвæг горæт Новоазовскы медицинон уагдонмæ. Украианг фарсы хъусинагæй, ноджы 211 хъахъъхæнæг гуманитарон кæлидоры фæрцы эвакуацигонд сты Еленовкамæ, сæ бивыны процедурæйæ Украинайы контролгонд территоримæ дарддæры æрыздæхыны бадзырдæй.
Генштабы фидиуæнæй, 82 боны дæргъы «Азовсталы» позицитæ фидаргæнгæйæ, украинаг хъахъъхæнджытæ нæ раттой фадат знагæн, батальоны 17 тактикон къорды æндæр æрдæмадæй арвыстаит æмæ уымæй фæкуылымпы кодтой Запорожьейы цырд бацахсын æмæ Донецкы æмæ Запорожьейы зылдты администрацион арæнтæм рацæуын.
«Мариуполы» алыварс ныхмæлæуджыты тыхты æрурæд нын ратта фадат, бацæттæ кодтаиккам æмæ сарызтаиккам хихъахъхъæнæн хаххытæ, кæцытыл не æфсæдтæ сты абон дæр æмæ агрессоры ныхмæ аккаг хæцынц. Махæн критиконæй нысаниуæгджын рæстæг нын фæзынд, цæмæй резервтæ бафидар кодтаиккам, нæ тыхтæ сцæттæ кодтаиккам, æмæ партнертæй та нæм æрхæццæ уыдаит æххуыс», – дзырдæуы генштабы фидиуæны.